Новости

Кадджын сылгоймаг

IMG 1957Уæздан æмæ фæллойуарзаг адæймагæй зонынц Хохы Дæргъæвсы "Ныхас"-ы сылгоймæгты Советы сæрдар Уртаты-Бæдтиаты Иринæйы (къамы астæуæй). Кусгæ дæр ацы хъæуы дуканийы кæны 56 азы дæргъы. Адæмимæ, фæлхасгæнджытимæ йын ис æмбаргæ ахастдзинад. Комбæстæ йын стыр аргъ кæнынц.

Ирæ райгуырд 1940 азы 10 февралы Уртаты Ахмæт æмæ Цопанаты Дибайы хæдзары. Астæуккаг скъола каст фæцис Дзуарыхъæуы. Уый фæстæ райста базарадон ахуырад æмæ уæдæй абонмæ кæны уæйгæнæджы куыст. У уæнгрог, цæрдæг, æфсæрмдзаст, ирон бафæзминаг æгъдæуттыл хæст адæймаг, хорз мад æмæ нана. Ис æм бирæ хæрзиуджытæ йæ хъазуатон, æнæзæрдæхудт куысты тыххæй, у Уæрæсейы арæнгæрон службæйы иттæг хорз кусæг. "Ныхас"-ы дæр йæ хæстæ æххæст кæны бæрнонæй.

Ирæ йæ рагбонтæй фæстæмæ фыссы æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, уацтæ. "Фæнды мæ фыссын нæ хъæбатырты сгуыхтдзинæдтыл, нæ абоны цардыл, рæстдзинадыл, нæ иумæйаг авдæн Ирыстон хæрамдзинадæй ныссыгъдæг кæныныл чи тох кæны, уыцы адæмыл", - зæгъы Ирæ.

Æмæ йын æнтысгæ дæр кæны!

Йæ уацмыстæ æрæмбырд кодта æмæ сæ хицæн чиныгæй рауагъта 5 азы размæ ахæм сæргондимæ - "Мæ цин æмæ мæ мæт". Чиныг чи бакаст, уый æнæмæнг бамбæрста, Ирæйæн æрдз кæй балæвар кодта аивадмæ курдиат. Бантысæд ма йын бирæ!

Йæ райгуырæн боны цытæн Дæргъæвсмæ æрбамбырд сты йæ хиуæттæ, зонгæтæ, æмкусджытæ, комбæсты цæрджытæ æмæ Горæтгæрон районы "Ныхас"-ы уæнгтæ Тедеты-Бететы Райхан, Хуыгаты Людмилæ. Уыдон кадджын сылгоймагæн зæрдæбын арфæтæ ракодтой, радтой йын лæвæрттæ. Стыр бузныг сын загъта "ноггуырд" дæр.

Цæр нын, Ирæ, къорд азты хъæлдзæг æмæ æнæнизæй!