• Главная
  • Фарн уæм бадзурæд, нæ Ирыстоны адæм!

Новости

Фарн уæм бадзурæд, нæ Ирыстоны адæм!

КУЧИЕВ РусланÆрхæццæ кæны не стырдæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы Уастырджийы бон. Куыд зонæм, афтæмæй æрвылаз дзырддаг вæййы, бæрæгбон кæцы бонмæ цæуы, уыцы фарста. Мыхуыргонд цæуынц иугай лæгты зондæй арæзт къæлиндартæ, æмæ уыдон дæр адæмы цымыдисы æфтауынц. Иры Стыр Ныхас 3 азы дæргъы архайдта, цæмæй сæрмагонд къамисæй бæрæгбæтты фæтк, чи зоны, уыдоны иумæйаг зондæй рауадзæм иу къæлиндар æмæ уый фæрцы адæм иу зонд, иу фæткмæ æрцæуой. Хъыгагæн, уыцы хъуыды сæххæст кæнынæй ницы рауад. Ныры рæстæг, стæмтæй фæстæмæ, иумæ бакусынæй алчи йæхи иуварс ласы (ома, æз мæхæдæг къæдзæх дæн, искæй зондыл цæмæн разы кæнон). Фæзынд нæм алыхуызон æхсæнадон организацитæ дæр, иннæтимæ æмгуыст кæныныл разы не сты.

Цæвиттон, ацы аз бæрæгбон кæд кæнгæ у, уыцы фарста равзарыны хъуыддаг Дзуары бын æвзæрст лæггадгæнджыты бар бакодтам. Стæй æгъдаумæ гæсгæ хъуамæ афтæ уа. Хъæутæй сæ равзарынц афæдзмæ, æмæ бæрæгбон скæнын у сæ сæйрагдæр хæс. Уыдон æрæджы æрфарстой, Тымбыл Хъæды алыварс цы хъæутæ ис, уыдоны дзырддзæугæ хистæрты, æмæ уыцы бындурыл рахастой сæ уынаффæ: 2021 аз Хетæджы Уастырджийы бон бæрæггонд цæудзæн сусæны мæйы дыккаг хуыцаубон – 11-æм боны.

Цалдæр къалиндары уыцы бæрæгбон нысангонд у фыццаг хуыцаубоны, æмæ кæд 4 июлы чидæртæ бацыдысты Хетæджы Къохмæ се’ртæ кæрдзыны скувынмæ, уæд уым æппындæр æвзæрæй ницы ис.

Ис нæм курдиат. Уæ хорзæхæй, Дзуары бынмæ йæхи ирхæфсынмæ мачи цæуæд! Уый фæлладуадзæн бынат нæу, фыдæлтæй нырмæ йæм адæм цыдысты кувынмæ. Иры Стыр Ныхасы хъæппæрисæй фæстаг 3 азы куыд ныффидар æмæ æгъдау куыд домы, афтæмæй Дзуары бын уыцы бон нæ уыдзæн концерттæ æмæ æххуырсгæ артистты архайд. Хи зондæй ирон хъаст чи сараза, ирон зарæгæй куывд чи барæсугъд кæна, уыдонæн-иу Уастырджи хорз арфæ ракæнæд!

Ивгъуыд азты фæткмæ гæсгæ курæм, цæмæй Дзуары бынмæ карз нозт мачи хæccа, мачи дзы судза мыдадзын цырæгътæ. Дзуары бынмæ цæуынвæнд чи скæна, уый йæ зæрдыл дарæд, æгъдаумæ гæсгæ йæ уæлæдарæс, йæ æддаг бакастмæ сæрмагонд домæнтæ кæй ис. Нæлгоймагæн æмбæлы цæуын фæлурс даргъдыс хæдоны. Сылгоймæгтæ мидæмæ, Къохмæ, куы нæ цæуой, уæд хуыздæр. Йæ алфамбылай та æмбæлы уæвын фæлурс даргъдыс къабайы, сæрыл сæрбæттæнимæ.

Нæлгоймаг Дзуары бынмæ цæуы æмæ уым кувы худистæй. Уæ хорзæхæй, ма дзы нуазут арахъ, водка, æндæр ахæм карз нозтытæ, ма кæнут дæргъвæтин бадт. Дзуар, агуывзæйы мидæг цал градусы ис, уымæ нæ кæсы – сыгъдæгзæрдæйæ йæм кувут хæдзары конд 3 кæрдзыны æмæ ирон бæгæныйæ. Дзуары бын нæй дымæн тамако, æнæуаг ныхас кæнæн. Дзуары бынмæ цæуыны размæ раст у иу цалдæр боны ком бадарын, уд æмæ буар ссыгъдæг кæнынæн.

Уыимæ, æгас дунейыл чи сыстад, уыцы рынæй нырма тас кæй у, уымæ гæсгæ сидæм, цæмæй Дзуары бынмæ цæуджытæ сæхи бахизой, æдасдзинады домæнтæ æмæ уагæвæрд æххæст кæной. Алы хъæубæcты æмæ сыхбæсты хистæртæй дæр курæм, цæмæй се ‘мхъæуккæгтæм фæсидой, ныффæдзæхсой сын, Къохы уæрæх фынгæвæрдтæ куыд нæ уа уыцы бон. Уæ зæрдыл дарут, адæмы æнæниздзинад æмæ æдасдзинад кæй у æппæтæй ахсджиагдæр.

Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæ уæд, æмæ уыл йæ бæрæгбон дзæбæхæй сæмбæлæд!

Кучиты Руслан,
Иры Стыр Ныхасы сæрдар.