Новости

Æнусон цыт

Ирон адæм рагæй дæр хæстхъом уыдысты. Райдай нартæй, скифтæй, сæрмæттæй, алантæй. Уæдæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр нымæцмæ гæсгæ Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном ирæттæй фылдæр ничи райста. Уый та дзурæг у нæ хъæбатырдзинад æмæ æууæнкдзинадыл.

Абон дæр нæ фæсивæд сæхи сæрæнæй æвдисынц Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы. Бирæтæ дзы райстой хæрзиуджытæ, сты тæссагдæр бынæтты. Рухсаг уæнт, уым чи бабын æмæ уæлахиз чи нал фендзæн, уыдон. Æнусон кад æмæ цыт сын!

22 июны Уæрæсе æмæ æндæр фæсарæйнаг бæстæтæ дæр сбæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдиан бон - Мысыны æмæ хъыджы бон. Уый цытæн Цæгат Ирыстоны, уыцы нымæцы Горæтгæрон районы дæр, конд æрцыдысты хъыджы мадзæлттæ. Адæм сæ рухс нæмттæ ссардтой, хæсты архайджытæй сæрæгас чи нал у, уыдонæн.

Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры уыд концерт-реквием Мысыны æмæ хъыджы боны тыххæй. Концертмæ фæхуыдтой 58-æм æфсады службæгæнджыты, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайдта, уыдоны хиуæтты, Росгвардийы кусджыты. Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ, зарæггæнджытæ сценæйыл æххæст кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, Уæлахизы тыххæй зарджытæ, кастысты æмдзæвгæтæ.

СВО

Концерты организатортæ - Дзæуджыхъæуы Администрацийы культурæйы Управлени æмæ хæрзаудæн фонд "Цæрдзыстæм".

Ацы егъау мадзалмæ фæхуыдтой, нæ районæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайдта æмæ дзы ныр дæр йæ хæс чи æххæст кæны, уыдоны ныййарджыты, мадызæнæгты, цардæмбæлтты, хъæбулты, хиуæтты дæр.

Рæстдзинад фæуæлахиз 1941-1945 хæсты. Афтæ уыдзæн ныр дæр, æмæ йæ тагъд рæстæджы куыд фенæм Стыр Хуыцау æмæ Уастырджийы цæст уый бауарзæд!

Æнусон кад дын, æнусон салдат!

ГАССИТЫ Моисей.