Уарзон адæмы фæндиаг
Йæ 90 азы юбилей 1 июлы сбæрæг кодта куырыхон ирон лæг, Горæтгæрон районы кадджын æмбæстаг, майдан "Ирыстоны намысæн"-æй хорзæхджынгонд, адæмы уарзон, сабыр, уæздан, æгъдауджын адæймаг Биазырты Иваны фырт Арон. Бинонтæ, зонгæтæ, хиуæттæ, раздæры æмкусджытæ йын арфæйы ныхæстæ загътой, бафæндыд сæ уымæн æнæниз æмæ зæрдæрухс цард бирæ азты.
Арон бæрнон бынæтты фæкуыста, фæскомцæдисы рæнхъытæй райдай æмæ партион куыстæй фæу. Æгъдауджын ирон лæг кæддæриддæр тырныдта кæстæрты раст фæндагыл бафтауынмæ æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта.
Йæ хæдзармæ йæм арфæ кæнынмæ бацыдысты районы "Ныхас"-ы сæрдар Дзуццаты Валери, Сунжæйы хъæуы "Ныхас"-ы сæрдар Засеты Иван, районы "Ныхас"-ы уæнг Тъотъоты Алан æмæ æндæртæ.

Дзуццаты Валери Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы Кады гæххæттæй схорзæхджын кодта юбиляр Биазырты Ароны, къорд азты "Ныхас"-ы æнæзæрдæхудт лæггад кæй кæны, йæ зонд æмæ хъару адæмы хорзæхæн кæй дæтты æмæ йыл 90 азы кæй сæххæст, уый тыххæй. Бирæ арфæйы ныхæстæ райста Биазырты Арон йæ 90 азы юбилейы цытæн æмæ ма нын ноджы дæр нæхи, уарзон адæмы фæндиаг цæрæд!
ГАССИТЫ Моисей.