Плиты кафаг лæппу
Зынгæ ирон поэт æмæ драматург, Ирыстоны адæмон поэт Плиты Грисы райгуырды 100 азы юбилей уæрæхæй нысан кодтой Ирон академион театры. Уый уыд 10 азы размæ. Залы бадтæн не стырдæр фысджытæй дыууæимæ - Джусойты Нафи æмæ Ходы Камалимæ.
Мадзаламонæг загъта, зæгъгæ, ныр та акафдзысты Грисы æрвадæлтæ - фыд æмæ чызг. Джусойты Нафи нын дисгæнгæ афтæ: "Уæлæ-ма диссæгтæм акæсут. Йæ къахайстыл цæст нæ хæцы Плийы-фыртæн. Рог, æвзонг лæппуйау, куыд змæлы, йе уæнгты конд цы рæсугъд у!"
Нодарыл уæд, дæс азы размæ, сæххæст 65 азы, фæлæ йæ тæлтæгдзинадæй йæхимæ æркæсын кодта, юбилейы чи уыд, уыдоны, ноджы йæ чызг дæр хорз фидыдта. Хъуыстгонд артист Дзиуаты Анатоли æввахс бадт, æмæ адæмы къухæмдзæгъд куы банцад, уæддæр ма иунæгæй йæ армытъæпæнтæ кæрæдзийыл цавта.
Стыр æмæ дæрдтыл у Гуырдзыстоны Гудзаретгом. Бирæ ирон хъæутæ дзы уыд. Нæргæ уыд кæддæр, фæлæ зынгæ цауты фæстæ ирон хъæутæ федзæрæг сты, фæйнæрдæм фæцыдысты сæ цæрджытæ.
Ам райгуырд Плиты Нодар 75 азы размæ. Æвзонгæй йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд, артист суыдзæн, дæсны кафæг дзы рауайдзæн, уый. Уæд æм æндæр фæндтæ уыд.

Нодар 1967 азы Цхинвалы лæууыд Театралон фæзы. Гуырдзыстоны сгуыхт артист, Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль "Симд"-ы раздæры разамонæг, сценæйы фидауц Гаглойты Хазби йæ цурты фæцæйцыд æмæ рæхснæг, æлвæст лæппуйы куы федта, уæд æм æввахс бацыд æмæ йæ сразы кодта "Симд"-мæ бацæуыныл. Уый размæ йæ Гаглойы-фырт кафгæ федта чындзæхсæвы. Æвзонг Нодар кафын райдыдта паддзахадон ансамбль "Симд"-ы. Ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты историон факультеты, фæлæ йæ ныууагъта, уымæн æмæ бамбæрста, йæ фидæн аивады стыр тыгъдады кæй ис, уый.
Афтæ Нодар йæ фæллойадон фæрнæйдзаг фæндаг райдыдта ансамбль "Симд"-ы Хазбийы фæрцы.
Цалдæр азы дзы куы бакуыста, уæд Хуссар Ирыстонмæ йæ концертимæ ныццыд Цæгат Ирыстонæй ансамбль "Алан". Нодар ансамблы артистты кафтмæ куы бакаст, уæд тынг фæцин кодта сæ дæсныйадыл. Уæд йæ разамонæг уыд Байаты Альбинæ. Нодары репетициты кафгæ куы федта, уæд дзы йæ цæст нал иста æмæ йæ фæхуыдта йæ ансамблмæ. Гаглойты Хазби йæ бæргæ нæ уагъта, фæлæ Нодар Орджоникидземæ ссыд.
Уый фæстæ цыппар азы службæ кодта флоты. Куы æрыздæхт, уæд кафыд дагестайнаг "Лезгинкæ"-йы. Уæд ын разамынд лæвæрдта ССР Цæдисы адæмон артист, хореограф Танхо Израилов. Уый дæр Хазби æмæ Альбинæйау кафты сусæгдзинæдтæ бирæ бацамыдта Нодарæн. Фæлæ æрыгон кафæджы зæрдæ уыд Ирыстоны.
Ансамбль "Алан" йæхимæ фæхуыдта Нодары, æмæ дзы уый фæкафыд 19 азы, уыд солист. Уый фæстæ ацыд Гуырдзыстонмæ æмæ 16 азы зындгонд Сухишвили æмæ Рамишвилийы Паддзахадон академион ансамблы уыд солист. ССР Цæдис куы ныппырх, уæд Плийы-фырт ссыд Цæгат Ирыстонмæ æмæ куыста бæхты театр "Нартæ"-йы. Уый фæстæ та йæ фæллойадон фæндаг дарддæр акодта Кавказы хохаг адæмты кафты Паддзахадон ансамблы балетмейстерæй.
Нодар политикон куыст дæр кодта. Абхазы Президент Сергей Багапш æй снысан кодта Хуссар Ирыстоны минæварæй.
Плиты Нодар алы рæстæджыты æвзонг лæппутæ æмæ чызджыты кафыныл ахуыр кодта æмæ кæны Беслæны, Æрыдоны, æндæр рæтты.
Бирæ у йæ фыдæбон Горæтгæрон районы Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны дæр. Ам сарæзта сывæллæтты кафты ансамбль. Арæх вæййын ацы культурон артдзæсты æмæ мæхи цæстытæй уынын, Плиты зынгæ кафæг кæстæр кары фæсивæды алы адæмыхæттыты кæфтытыл куыд ахуыр кæны, уый. Сæйраг бынаты æвæры ирон кафт. Уыдис ма ансамбль "Алан"-ы аивадон разамонæджы уынаффæгæнæг æмæ балетмейстер.
Нодарæн йæ кафæн фæз у æнæхъæн зæххы къори. Мæскуы æмæ раздæры Советон Цæдисы республикæты кой нал кæнын, фæлæ ма кафгæ-кафын ахæццæ Америкæмæ, суанг Аляскæмæ дæр. Æмæ уыцы бирæ бæстæты зонгæ кодта ирон аивадимæ, нæ фарн бæрзонддæр иста.
Цалдæр азы размæ йæ Турчы цæрæг ирæттæ сæхимæ куы фæхуыдтой ирон кæфтытæ амонынмæ, уæд æй фæстæмæ нал уагътой, ныфсытæ йын æвæрдтой, фæлæ Нодар уым не 'рлæууыд. Куы 'рбаздæхт, æмæ йыл Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны куы фембæлдтæн, уæд мын загъта: "Бирæ бæстæты мæ урæдтой, стыр мыздæй дæр мын ныфс æвæрдтой, фæлæ Ирыстон у мæ фыдæлты къона æмæ артдзæст".
Мæскуыйы Хетæгкаты Къостайы юбилейы цытæн Стыр театры аивæдты дæсныты концерт куы уыд, уæд дзы Нодар Адырхаты Светланæимæ кафыд "Симд". Кæмфæнды дæр куы кафа Плийы-фырт, суанг чындзæхсæвты æмæ куывдты, бæрæгбæтты, адæм ыл сæ цæст æрæвæрынц.
Плиты Нодарæн 2008 азы лæвæрд æрцыд майдан "Ирыстоны намысæн".
Кавказаг кæфтыты дæсны, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, Гуырдзыстоны сгуыхт артист, Цæцæн-Мæхъхъæлы Автономон республикæйы сгуыхт артист, Цæцæн æмæ Абхазы республикæты сгуыхт артист Плиты Нодар бæрæг кæны йæ 75 азы юбилей. Куы йæ фенай, уæд ын уыйбæрц азтæ нæ ратдзынæ, уæлдайдæр - кафгæ-кафын. Æвзонгхуыз, йæ фезмæлд - цæрдæг, сагау.
Национ культурæ бæрзонд чи исы, йæ цард æнæхъуаджы чи нæ тоны, адæмы хорзæх кæй ис, уыцы лæгау-лæг Плиты Нодарæн нæ зæрдæ зæгъы бирæ азты цæрæнбон. Дæ къах-къухтыл кафынхъом у кæддæриддæр, ирон кафтау кадджын у!
ГАССИТЫ Моисей.