Рæстæг дзæгъæлы нæ сафы
Хъæууонхæдзарадон куыстуатон кооператив "Мæскуыйаджы" кæронмæ фæхæццæ кæнынц нартхоры ‘взартæн фыдбылызхæссæг уырынгонты ныхмæ гербицидтæ пырх кæныны куыстытæ. Ацы хъæугæ хъуыддаджы зæрдиагæй фыдæбон кæны æрыгон механизатор Еналдыты Алан.
Йæ трактор æд тауæн агрегатимæ дзæгъæл лæуд нæ кæны. Куыддæр агрегаты "дзыппытæ" химикаттæй айдзаг вæййынц, афтæ араст вæййы пырх кæнынмæ.
Тынг сæрæн лæппу у Алан. Иу уысм дæр йæ уæгъд рæстæгæй нæ сафы. Уайтагъд дæр йæ техникæмæ æркæсы, кæм дзы цы баздухы, кæм дзы цы асыгъдæг кæны. Йæ трактор дæр сахаты куыст уымæн фæкæны.
Уæздан æмæ фæлтæрдджын механизатор æмкусджыты 'хсæн дæр нымад у.
Фылдæр дын дæ куысты æнтысæд, Алан!
Къамы: ЕНАЛДЫТЫ Алан.
КОРТИАТЫ Æхсарбег.