Цæттæйæ
Иу мæйы бæрц ма баззад ног ахуыры азы райдианмæ. Куыд æппæт скъолаты, афтæ уымæ сæхи цæттæ кæнынц Горæтгæрон районы ахуыргæнæн уагдæттæ дæр. Иуты дзы ныридæгæн цалцæджы куыстытæ фесты.

Мах бабæрæг кодтам Сунжæйы хъæуы бындурон скъола. Зæрдæ барухс тыргътæ, асинтæ, кабинеттæ, иннæ хатæнты аивдзинадæй, сцалцæг сæ кодтой æмæ кæнынц ахуыргæнджытæ, хистæркъласонтæ, сæныййарджытæ, техникон кусджытæ.
Сунжæйаг инæлар Бедойты Русланы номыл скъолайы ис 2 корпусы, сты дыууæуæладзыгон. Сæйраг корпусы кæронмæ фæхæццæ кæнынц цалцæджы куыстытæ, иннæ корпусы дæр 'ввахс бонты фæуыдзысты. Райадминистраци сын рахицæн кодта æхцайы фæрæзтæ, фæлæ сæйрагдæр куыстытæ сæхи тыхтæй сæххæст кодтой.
Скъола арæзт у 1956 азы. Паддзахадон программæмæ гæсгæ бындурон цалцæг дæр æрцыд, фæлæ ахуыргæнинæгтæ æрвылбон кæм змæлой, уым сыгъдæггæнæн, цалцæггæнæн куыстытæ дæр фæзыны.
Скъолайы директор Хуыгаты Æхсар нын афтæ зæгъы:
- Раджы фæуыдаиккам цалцæджы куыст, фæлæ не скъолайы уыд сæрдыгон фæлладуадзæн лагерь. Æцæг иу рад йеддæмæ нæ бакуыста, нæ хæрæндонмæ стыр къæвдаты рæстæг дон кæй бакалд, уый аххосæй. Уыцы къæвдатæ бахъыгдардтой æрмадзты дæр, донæй байдзаг сты.
Уыдон дæр нæхи тыхтæй райдыдтаиккам рæстæгыл цалцæг кæнын, фæлæ хæрæндоны, æрмадзты астæрдтæ, къултæ тынг ныххуылыдз сты, æмæ æнхъæлмæ кæсæм сæ бахусмæ. Куыддæр кæронмæ ссур уой, афтæ æвæстиатæй æрæвналдзыстæм сæ цалцæг кæнынмæ. Уый нын бантысдзæн.
Ног ахуыры азыл цæттæйæ сæмбæлдзыстæм æмæ архайдзыстæм скъоладзауты ахуыр æмæ хъомыл кæныныл.
ГАССИТЫ Моисей.