Йæ зæрдæйыл рæстæджы згæ нæ хæцы…
Поэт АБАЙТЫ Эдуардыл æххæст кæны 70 азы.
Поэзи, зæгъынц, хъыг æмæ масты хо у, алы удхаргæнæг æмæ хъарæггæнæг дæр - поэт, алы цæстысыг дæр - æмдзæвгæ, алы зæрдæ дæр - поэмæ. Поэзийы æрдзон сконд сусæг у, фыццаг æмбæлæгæн нæ раргом кæны йæхи. Ахæм у поэт æмæ журналист, Джусойты Нафийы номыл фыццаг премийы лауреат Абайты Эдуарды зæххон аивады базырджын сфæлдыстад. "Кæрдæгдзон къæвдатæ", "Донгуырæн", "Цæххы тæпп", "Æртхуроны хай" - йæ къухæй фыст æмбырдгæндты ирдæй зынынц "ирон дзырды хур, рохуаты баззайæг ныхæстæ, мадæлон æвзаджы æвæрæнтæ, æрдзы сыгъдæгдзинад æмæ зæххы рæдаудзинад, хæдбындур курдиат, нæ æхсæндзарды ивæнтæ". Абайы-фырт сабийау у сыгъдæг æмæ æргом, хохрындзау бæрзонд æмæ сæрибар, зæгъгæ дзы Къадзаты Станислав хуымæтæджы нæ загъта.
Йæ кусæнуат ын дуарæхгæдæй нæ баййафдзынæ, суанг фæскуыст хæдзармæ куы фæцæуы, уæддæр æй æнгом бассоны, æндæр æм дæгъæлæй сæхгæныны хъуыды никуы 'рцыд. Уый дæр адæймаджы удыхъæд æвдисæг у: хæрз хуымæтæг, сывæллонау æууæндаг, сыгъдæгзæрдæ, цæстуарзон, йæхи разæй искæуыл чи батыхсы, искæй цин æмæ рис йæхиуонау чи æнкъары.
Æппæт уыцы миниуджытæй хайджын адæймаджы мидæг цæры, ирон лæджы сконд иннæтæй чи хицæн кæны, ахæм хистæр - фидар зондылхæст, кæрæдзи мидæг ауайæг уидæгты арфы дæр чи нæ фæдзæгъæл уыдзæн, "йæ зæрдæйыл рæстæджы згæ кæмæн нæ хæцы", ахæм.
Нафийы æнгæс мæм кæсы, æддаг бакастæй нæ - уды скондæй. Æдзух мæ дисы æфтыдта, ирон литературæ, æвзаг æмæ иртасæн куыст уæхскуæзæй чи фæкодта, уыцы Нафийы ахаст йæ бинонтæм, хиуæттæм, æмкусджытæм æмæ фæсивæдмæ. Æмтгæй райсгæйæ та, æхсæнадмæ. Уымæн у уæлдай æхсызгон, нæ æрмæджы хъайтар Абайты Эдуард, номдзыд поэт æмæ прозаик, ахуыргонд æмæ куырыхон хистæр Джусойты Нафийы премийы лауреат кæй ссис, уый. Ацы цауæн та рæсугъд райдайæн уыд.
Ногиры Теркмæ 'ввахс уыд йæ фыды фыд Абайты Хъасболаты (Болайы) хæдзар. Цæугæдоны былæй суинаг поэтæн рацæуæн нæ уыд, Терчы надтой сæхи, ахстой кæсæгтæ, бæгъæмвадæй хъазыдысты къори æмæ селайæ. "Хъуыды ма кæныс, цы бæласы цъуппæй æмæ-иу кæй бæласы цъуппæй нæ акастыстæм!" - фыссы йæ æмдзæвгæтæй иуы.
Бинонты хистæр Бола чиныгмæ нæ кæсгæйæ зыдта Къостайы "Ирон фæндыр" райдианæй - кæронмæ. Рацæут, Къостайы æмдзæвгæтæ сахуыр кæнæм, зæгъгæ-иу куы фæдзырдта йæ хъæбулы хъæбултæм, уæд-иу цыппарæй йæ алыварс атымбыл сты. Таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ уыци-уыцитæ сæ фыды мад Мелесы хуызæн чи зыдта? Ирон пецы-иу арт скодта, йæ кæстæртæ йæ дæлфæдтæм, афтæмæй сын-иу ирон адæмы дзургæ сфæлдыстады къæбицы дуæрттæ байгом кодта.
Зæрдæрыст Хъасболат æмæ Мелесы зынгхуыст хъæбултæ Яшæ æмæ Петя Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй нал сыздæхтысты. Яшæ уыд афицер, уæззау цæф фæци Керчы, хæсты кæрон бахауд Берлины госпитæлмæ, уым цардæй ахицæн. Петя фыста æмдзæвгæтæ, кодта нывтæ. Немыц Дзæуджыхъæумæ куы æрбаввахс сты, уæд ын Мелес йæ æмдзæвгæтæ баныгæдта. Хæсты фæстæ ма разынд сæ иу хай Хъесаты Валодямæ. Хъодзаты Æхсары фæрцы Абайты Петяйы æмдзæвгæтæ бацыдысты "Хорзæй баззай, Ир"-ы æмбырдгондмæ. 1943 азы Гомелæй райстой йæ сау гæххæтт, мад æмæ фыд та сæ амæлæты бонмæ зæрдæрыстæй фæцардысты.
Æвдæм къласы ахуыр кодта, афтæмæй Эдуарды сæры гуырын райдыдтой æрдзыл поэтикон рæнхъытæ, фысгæ сæ кодта уырыссагау. Гайты Дзаххотты чызг Раисæ, Ногиры скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг, куы бамбæрста, йæ ахуырдзау æмдзæвгæтæ фыссыныл архайы, уæд æм йæ хъус дарын райдыдта.
Абайты кæрты уыд тута бæлас, уырдæм-иу Эдик схызт æмдзæвгæтæ фыссынмæ. Кæмдæр та бамбæхст, зæгъгæ, ныййарджыты хъуыр-хъуыр-иу æй поэзийы бæрзонд уылæн сурмæ раппæрста. Быдыры, хæдзары бирæ куыст уыд, цардбæллон лæппу йæ мад æмæ фыды ныстуантæ æххæст кæнынмæ цырд лæууыд. Сæ сыхы хистæр фæлтæрмæ хъусын æмæ сын сæ таурæгътæ гæххæттыл фыссын Эдиккæн йæ уд, йæ дзæцц уыд. Йæ поэтикон æвзагыл уый фæзынд, йе 'взаг та æнгом баст у ирон цардыуагимæ. "Курдиат артдзæстæй уæлдай нæу, хус сугтæ йæм куы не 'ппарай, уæд ахуысдзæн. Музæ дæ цы рæстæг ацахсдзæн, уый бæрæг нæу. "Арæхдæр мæм æхсæвыгæтты фæзыны, райхъал вæййын мæ тарф фынæйæ дæр. Æмдзæвгæйыл та кусын дæргъвæтин рæстæг," – зæгъы Эдуард. Поэты зæрдæйы арф æвæрд у Цæрукъаты Алыксандры, Нафийы, Камалы, Бестауты Георгийы сфæлдыстад.
70-æм азы Эдуард сси Хетæгкаты Къостайы номыл университеты филологон факультеты студент. Уыцы рæстæджы Джыккайты Шамил сарæзта литературон къорд. Уырдæм-иу æрбахуыдта поэттæ Хъодзаты Æхсары æмæ Цæрукъаты Валодяйы. Поэтикон къорды архайгæйæ сфæлтæрдта Эдуард, йæ уацмыстæн чи саргъ кодтаид, уый дæр уыд. Иуахæмы йæ æмдзæвгæтæ бахаста Шамилмæ, дæ хъуыды зæгъ, зæгъгæ. "Къуырийы фæстæ мæм æрбацу," - уыд йæ дзуапп. Æмгъуыдмæ йæм бацыд. Шамилы ныхæстæ - цæргæбонты зæрдылдарæн: "Фæкастæн сæ мæхи уды æхцондзинадæн". Уымæй стырдæр аргъмæ æнхъæлмæ нæ каст Абайы-фырт.
Ныфс - адæймагæн йæ базыртæ. Йæ зæрдæ йын куы амарай, уæд æм кусын нал цæудзæн. "Лæппу, фысгæ кæн, уыдон ирон адæмы хъæугæ кæнынц," - уыд йæ ныхас Камалæн, Эдуарды æмдзæвгæтæ куы бакаст, уæд.
Æртæ фыртæн фыд Нарты кадджыты хъайтарты нæмттæ йæхæдæг радта: Æхсар, Æхсæртæг æмæ Ацæмæз. Йæ цардæмбал Ритæйы тыххæй æфсæрмыгæнгæ дзуры Эдуард: "Уый мын куы нæ уаид, уæд раджы амардаин. Царды мæ цудын нæ бауагъта, ныфс мын у".
Æвдай азмæ цы фæндæгтыл фæцыд не 'рмæджы хъайтар, уыдон алы хатт лæгъз æмæ æмраст нæ уыдысты. Бахсыстой йæ царды, цы йын бантыст, уымæн та хатдзæг скæнынæн раджы у нырма. Абон дæр, йæ азты сæрты фæстæмæ акæсгæйæ фæсмонгонд нæу, нæ рафæлдисæг адæймаджы зæххон царды цы хъуыддæгтæн радты, уыдонæй æппæтæй дæр æххæст у Абайты Эдуард.
Цæрукъаты Алыксандр - Ирыстоны адæмон поэт:
"Йе сфæлдыстады гуырæнтæ æвзæрынц адæмон куырыхондзинады арфæй. Æрдз æмæ адæймаджы иудзинад биноныг æнкъарæг Абайты Эдуардæн йæ бон у адæймаджы хъуыдытæ биноныг равдисын. Йæ поэзи иннæтæй хицæн кæны адæмы фæлгонцтæ ирдæй æвдисæг мидисджын æвзагæй. Йæ æмдзæвгæтæ фидауынц хуымæтæг æвзаг æмæ вазыгджын абарæн ныхæстæй. Поэты сфæлдыстад ахъаз у адæймаджы уд сыгъдæг кæнынæн".
Хъодзаты Æхсар - поэт:
“Нейтрон æмæ лазеры æнусы ирон адæмæй рохуаты бирæ хæзна-дзырдтæ баззад, иу дзырдуаты дæр сын ссарæн нал ис. Уыдон нæртон æфсургътау заманты сау ныккæнды æнæ хицауæй, зылдхъуагæй "схъæддаг сты", сæхицæн агурынц аккаг барджытæ. Мæнмæ гæсгæ, уыцы барджытæй иу у Абайты лæппу, "сапонæхсад, айкæвдылд сæ акодта", æмæ йын æвæджиау дугъæттæ басгуыхтысты".
Тедеты Ефим - поэт:
"Эдуарды поэзи у, сабыр хъæлæсы уагæй æхсæрдзæнау чи кæлы, ахæм ирд æмæ æхсæст рæнхъытæй конд. Фæлгонцтæ сæхæдæг æфтауынц адæймаджы хъуыды кæныныл, баззайынц зæрдæйы, æмæ поэт йæ сагъæсы цы сæйраг нысанмæ фæтырны, уый сæххæст кæны ахæм хуызы".
Хозиты Барис - газет "Рæстдзинад"-ы сæйраг редактор:
"Абайы-фырт мадæлон æвзаджы зæлтæ æмæ мыртæ æнкъары тынг арф. Æмæ йын уый фадат дæтты арфмидисджын уацмыстæ нывæндынæн".
ХУЫБИАТЫ Ларисæ.