Новости

Фæндæгтæ – хæрзарæзт

IMG 2401

Нæ районы Ирыхъæуы сæйраг уынг у тæхæг-космонавт Валентинæ Терешковæйы номыл. Йæ дæргъ - 1,5 километры.

Ам донцæуæн хæтæлтæ раджы сæвæрдтой, фæлæ базæронд сты, цалцæг кæнынæн дæр нал бæззыдысты. Уынджы цæрджытæ арvх    хъаст кодтой уæлдæрлæууæг инстанцитæм. Ивгъуыд азы октябры мæйы кæрон нæ районы администраци йæхи бюджеты фæрæзтæй æвæрын райдыдта ацы уынджы зæххы бын донцæуæн ног хæтæлтæ. Куыстытæ сæххæст кодта Паддзахадон унитарон куыстуат "Коммунресурстæ" йæхи кусæгдых æмæ техникæйæ. Алы хæдзар дæр Терешковæйы уынджы цæрджытæй дон йæхимæ бауагъта.

Уыйфæстæ фæндаг хъуыд асфальтæй бамбæрзын, æмæ ацы куыстытæ дæр райдыдтой июлы мæйы кæрон. Фæндагæн скалдтой йæ зæронд афальт, донцæуæн хæтæлтæ кæуылты цæуынц, уым сыл уæле змис ныккалдтой æмæ йæ ныннадтой, цæмæй ног асфальт фидарæй лæууа, бынмæ ма ацæуа.

Ацы бонты Терешковæйы номыл уынджы фæндаг кæнын райдайдзысты.

Куыстытæ æххæстгæнæг у Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад (ООО) "ДРСУ-3". Аразгæ та йæ кæны нæ республикæйы бюджеты субсидиты хардзæй.

Цæгат Ирыстоны бюджетæй рахицæнгонд субсидиты фæрæзтæй асфальт скæндзысты Комгæроны хъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл уынг дæр. Ныртæккæ ам дæр цæуынц ног асфальт кæныны фидаргæнæн куыстытæ. Фæндаг ныллæгъз кодтой, лыстæг хуыр ыл ныккалдтой æмæ уый дæр лæгъз кæнынц.

Ам та подрядон у Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад (ООО) "Дельтосервис".

Камбилеевкæйы хъæуы Ленины номыл уынджы фæндагæн асфальтгонд уыд йæ уæллаг æмбис. Цалдæр азы размæ йæ сарæзтой. Асфальтгæнджытæ, подрядон куыстытæ æххæстгæнджытæ æрæвнæлдтой ацы уынджы дvллаг кæрон асфальтæй æмбæрзынмæ дæр æмæ сын кæронмæ бантыст. Ныр уынг аивvй рафидыдта, цæрджытæн бæрæг фенцондæр.

Нæ районы ма асфальтæй æмбæрзынц æндvр хъæуты фæндæгтæ дæр.

ГАССИТЫ Моисей.

Авторы ист къамтæ.