Хъомылгæнæг – дыккаг мад
Цæй стыр хæс æвæрд ис рæвдауæндоны хъомылгæнæгыл! Алы сабийы дæр йæ гыццыл къахдзæфтæй кæны царды стыр фæндагмæ. Хъомылгæнæг у, алы хъуыддагмæ дæр дæсны чи у, ахæм адæймаг. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ фыццаг хæс у фæлмæнзæрдæ уæвын, сабитыл аудын æмæ сæ æнæкæрон уарзтæй уарзын. Ацы æнæмæнг миниуджытæ Хуыцау байуæрста Джызæлы 8-æм рæвдауæндоны хъомылгæнджытæн.

Къорд азы дæргъы рæвдауæндоны коллектив архайы Джызæлы рæзгæ фæлтæрæн æппæты разæй фидар зонындзинæдтæ раттыныл, ахуыр сæ кæны райгуырæн бæстæ, сæ мадæлон æвзаг уарзын, хистæртæн аргъ кæнын. Ацы миниуджытæ цæмæй кæстæртыл бафтауай, уый тыххæй хъуамæ дæ удыхъæды æвæрд уой.
Рæвдауæндоны сæргълæууæг Хынцæгты Альбинæ – ирон æгъдауыл хæст, фæлмæнзæрдæ æмæ куырыхон сылгоймаг – æппæт коллектив æрбатымбыл кодта, æмæ æнгом куыст кæнынц сабиты хъомыладыл. Ныртæккæ рæвдауæндоны ис сæдæ сабийæ фылдæр. Уыдонæй алкæмæ дæр хъæуы сæрмагонд ахаст, æмæ уый æнæгуырысхойаг фарста у. Сывæллæттæ æмæ сæ хъомылгæнджытæ кæрæдзийы иу ныхасæй æмбарынц.
Сабидоны кусджытæн ахуырадон фарстаты стыр æххуыс кæны методист, хистæр хъомылгæнæг Отараты Надеждæ. Уый æнæзивæгæй кусы, цæмæй хъомылгæнджытæ æмæ сабитæ ахуырадон процессы архайой алыхуызон мадзæлттæй. Тынг арæх рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ районы æмæ республикæйы конкурсты бацахсынц раззагдæр бынæттæ. Уый ууыл дзурæг у, æмæ йæ кусджытæ дысфæлдæхтæй архайынц, цæмæй Джызæлы фæсивæд царды хуыздæр фæндæгтыл цæуа, ма рох кæна райгуырæн бæстæ, ирон æгъдау, йæ уарзон хъæу æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг зонындзинæдтæ сын чи радта, уыцы хъомылгæнджыты.
Мæ уарзон рæвдауæндоны кусджытæ! Сывæллон у æппæты сæйрагдæр алы адæймаджы царды, æмæ уын стыр бузныг уæ цæстуарзон æмæ удуæлдай фæллойы тыххæй, чысыл сабитæ æмæ уе 'ввахс адæммæ уæ аудгæ ахасты тыххæй. Фарн, удæнцой æмæ æнæниздзинадæй хайджын ут!
КОЦОЙТЫ Фатимæ