Новости

Æнæмæлгæ нæмттæ

Ацы аз номдзыд фыссæг, публицист, прозаик, тæлмацгæнæг Расул Гамзатовы райгуырдыл æххæст кæны æнæхъæн æнус. Йе сфæлдыстад хъуыстгонд у канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æппæт дунейыл дæр. Дзуарыхъæуы скъолайы Гæздæнты авд æфсымæры музейы конд æрцыд мадзал йæ райгуырды 100 азмæ. Архайдтой дзы Камбилеевкæйы 1-æм скъолайы æмæ Джызæлы 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ.

IMG 8431

Дзуарыхъæу Расул Гамзатовы номимæ у æнгом баст. Ахуыры уагдоны къæсæрыл уазджытыл сæмбæлдысты хистæркъласонтæ æмæ сын чысыл экскурси сарæзтой музейы. Радзырдтой йæ равзæрды æмæ экспонатты тыххæй.

Скульптор Санахъоты Сергей Гамзатовы æмдзæвгæ куы фехъуыста, уæд йæ хъуыдыйы фæзынд хæстонты фæлгонцтæ равдисын хърихъуппыты хуызы. Уый фæстæ йын композитор Ян Френкель йæ тæлмацгонд æмдзæвгæйы ныхæстæм ныффыста музыкæ, æмæ фæзынд æнæхъæн зæххы къорийыл хъуыстгонд зарæг “Журавли”.

Камбилеевкæйы скъолайы ахуырдзаутæ бахастой æмæ æрæвæрдтой дидинджытæ Гæздæнты æфсымæрты хуызистыты раз. Уый фæстæ радзырдтой, æфсымæртæн цы цыртдзæвæн æвæрд ис, уый истори. Сæ къухты – хърихъуппыты нывтæ – хæсты чи фæмард, уыцы хæстонты символтæ, афтæмæй. Аив бакастысты Расулы æмдзæвгæтæ иронау, равдыстой "Авд цухъхъайы"-йæ зæрдæмæхъаргæ скъуыддзаг. Хъуыст зарæг "Хърихъуппытæ" иронау.

Цхуырбаты Зарæ, Горæтгæрон районы Сывæллæтты сфæлдыстатон хæдзары уæлæмхасæн ахуырады педагог, рауагъта скъоладзауты куыстытæй æмбырдгонгд чиныг нæ районы хæстонты тыххæй. Ацы мадзалы рæстæг ын презентаци скодта æмæ йæ балæвар кодта Дзуарыхъæуы скъолайæн.

Камбилеевкæйæ æмæ Джызæлæй æрцæуæг уазджытæ дæр райстой лæвар – чиныг Дзуарыхъæуы тыххæй.

Расул Гамзатовы мысæн бон бацæттæ кодтой Камбилеевкæйы 1-æм æмæ Джызæлы 2-æм скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Цхуырбаты Зæлинæ, Зæгъойты Зæирæ, Датиты Альбинæ, Белеккаты Ленæ, Æлдаттаты Фатимæ æмæ районы адæмон ахуырады хайады методист Сугъаты Еленæйы хъæппæрисæй.

Кæд мадзалы темæ уыд æнкъард, уæддæр сывæллæтты зæрдæтæ бахъæлдзæг сты музыкæйæ. Стæй уазджытæ æмæ фысымтæ сарæзтой иумæйаг хъазт.

ГУЫССАУТЫ Маринæ

Печать E-mail