Новости

Æнæмæлгæ

Æз ирон æвзагæй цæйбæрц къуымых дæн, фæлæ ма суанг афтæмæй дæр мæ зæрдæйæ æнкъарын, æнафоны йæ цардæй чи ахицæн, уыцы поэты "Ирон фæндыр"-ы рæсугъд зæлтæ, йе 'мдзæвгæйы диссаджы дзырдарæхстад æмæ аивдзинад. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Къостайы æмдзæвгæтæй бирæтæ хъуамæ суой æппæтадæмон хæзнатæ, кæд ныры онг нæма сты, уæддæр. Ныфс нæ ис, рухсадмæ, раззагдæр культурæмæ йæ риуы æмбæрц фæндæгтæ чи гæрды, уыцы курдиатджын адæм ма ноджыдæр кæй ратдзысты æндæр стыр лæгтæ, йæ адæмы, Къостайау, рæстдзинадмæ, рухсмæ æнæзивæг чи хона, ахæмтæ.

Всеволод МИЛЛЕР

 03e7e2e8 3e7e 4cdc 8ccc 1d8878621e55

Кæуылты у Хетæгкаты Къостайы кад! Чи йын нæ аргъ кæны! Уымæн æмæ зонæм, цас сарæзта йæ адæмæн хорзæй, кæд йæхæдæг тыхст уавæрты цард, уæддæр. Дæрдтыл нæры йæ ном, æмæ дзы кæддæриддæр сæрыстыр уыдзыстæм.

Ныр дæр та йæ райгуырды 164 азы цытæн бирæ мадзæлттæ конд æрцыд Горæтгæрон районы. Уыдонæй сæ сæйрагдæр уыд, Культурæйы галуан кæй бацæттæ кодта, уыцы егъау театрализацигонд равдыст "Къоста – нæ адæмы цырагъдар". Сценарийы автор æмæ равдысты режиссер у Мæхъиты Алинæ.

Уыдысты дзы Горæтгæрон районы сæргълæууæджы хæдивджытæ Багаты Рустам æмæ Биазырты Фатимæ, райадминистрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Джиоты Янæ, администрацийы культурæйы фæткдаруаты хицау Табуты Георги, районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери, стæй скъоладзаутæ, фæсивæд, культурæйы къабазы кусджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ, Хетæджы-фырт зынаргъ кæмæн у, уыцы адæм.

Тынг аив, зæрдæмæдзæугæ рауад равдыст æд музыкæ. Адæмы зæрдæмæ фæцыд, уыд дзы бирæ архайджытæ: 5-аздзыдæй 80 азы кармæ.

Режиссер Мæхъиты Алинæйы йедтæмæ спектаклы сæ уды цæхæр бавæрдтой Михайловскы Культурæйы хæдзары аивадон разамонæг Гуыцмæзты Ренат (Къостайы сурæт саразæг), Гæззаты Сократ, Тедеты Шалико, Тыбылты Эльбрус, Тотойты Алан, Хетæгкаты Оксанæ, Дзгойты Альбинæ, Коцты Аленæ, Пухаты Альбинæ, Бететы Вадим, Хъуысаты Эльвирæ, Джихаты Роман, Уæлыгæсты Тамарæ, Гæджиты Мурат, Саутæты Дзерассæ, Дзитойты Эльбрус, Медойты Аслан, Болататы Эдик, Хосроты Елизаветæ, Кæркуысты Ларисæ æмæ æндæртæ. Уыдоны хъаруджын куысты руаджы рауад ацы ахсджиаг равдыст. Цæттæ дæр æй бирæ рæстæг кодтой, æмæ цымыдисон уымæн рауад.

Ноджы ма йæм сæ бавæрд бахастой нæ районы хъæуты Культурæйы хæдзæртты директортæ Пхалæгаты Фиалæ, Хъæцмæзты Маринæ, Джусойты Зоя, Бокоты Зæлинæ, Джиоты Витали, Агайты Светæ æмæ æндæртæ. Уый тыххæй сын бузныг зæгъын æмбæлы, хицæнæй та – Культурæйы галуаны директор Мæхъиты Хадизæтæн. Раст зæгъгæйæ, арфæйаджы куыст бакодтой.

Равдысты зæлыдысты Къостайы фыст æмдзæвгæтæ æмæ фыстæджытæ, зарджытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл. Уыдис дзы пролог Къостайы сабийы бонты сценæтæй.

Кæсджытæн æвдыст æрцыд Нары хъæуы мæгуыр адæмы цард, Къоста хæстæй куы ссыд, уæд ыл куыд цин кодтой, куыд ын дзырдтой сабитæ йе 'мдзæвгæтæ, стæй иумæ куыд сарæзтойхъазт. Уыцы рæстæг уырдæм фæзындысты æлдæрттæ, стæй адæмæй, Къостайæ тæрсгæйæ фæстæмæ аздæхтысты.

Уый фæстæ сюжет сюжеты ивта: Къостайы фембæлд Аннæимæ, кафт. Фæзынд паддзах йæ фæсдзæуинтимæ, æмæ фæбыцæу сты Къостаимæ. Дыккаг хатт та йæ æрцахстой. Уый фæстæ ахæстонæй фыстæг фыссы Аннæмæ.

Фæлæ фæзынд, æрæздæхт Къоста æмæ фæсидт йæ адæммæ: "Цæйут, æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!" Зарæг æмдзыхæй систой.

Къостайы райгуырды боны номыл театрализацигонд равдыст стыр цымыдисдзинад кæй сæвзæрын кодта сценæмæ кæсджытæм, йæ архайджытæ йыл бирæ хъарутæ кæй бахардз кодтой, уый тыххæй сын арфæйы ныхæстæ ракодтой, стæй Къостайы, ирон æвзаг ма рох кæныны тыххæй загътой районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери æмæ Михайловскы библиотекæйы сæргълæууæг Мæргъиты Эльвирæ.

Æнæмæлгæ у махæн Хетæгкаты Къоста, æмæ афтæ уыдзæн æнусмæ!

ГАССИТЫ Моисей

Печать