Ирыхъæуы арæзтæдтæ
Раздæр нæ газет фыста, Горæтгæрон районы Ирыхъæуы кæй аразынц бирæфункцион хъазæн фæзуат – сывæллæтты спортивон-æнæнизгæнæн комплекс.
Фæлæ ма уымæй уæлдай ацы хъæуы, Фидель Кастройы номыл уынджы, Камбилеевкæйы цæугæдоны былгæрон сырæзт парчы зонæ дæр. Йæ территори у егъау, райдзаст. Ис дзы æппæт фадæттæ дæр улæфынæн, хи ирхæфсынæн: бандæттæ, сывæллæттæн хъазæн бынæттæ. Парчы ис электрон рухс, йæ алыварс у æхгæд, мидæгæй – асфальтæй арæзт тротуартæ, цъæхфæлыст уадздзæгтæ (фыццаг къамы).
Ирыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Сиукъаты Иринæ нын куыд загъта, афтæмæй ацы объекты заказгæнæг у нæ районы бынæттон администраци. Программæ "Æппæтфадатджын горæтаг алфамблайы арæзтад"-ы фæлгæтты парчы зонæ арæзт цæуы дыууæ этапæй – фыццаг уыд ивгъуыд азы, дыккаг та – ацы аз. Кусæг æмæ техникæйæ, арæзтадон æрмæджытæй цух нæ уыд ацы объект.
Ныр рæсугъдæй фидауы, æмæ æхцондзинад исынц, ардæм сæ фæллад уадзынмæ чи æрбацæуы, уыдон.
Ирыхъæуы цæрæг Тотраты Алан афтæ зæгъы: "Æхсызгон мын уыд, ацы улæфæн парк кæй сырæзт, уый. Ис дзы æппæт фадæттæ дæр хи ирхæфсынмæ. Мæ хъæбулы хъæбултæ нырма æнахъом сты, æмæ сæ цалдæр хатты æрбакодтон ацы паркмæ. Сæхицæн дзæбæх фæхъазынц, семæ мæ улæфт суадзын æз дæр".
Дыууын азы размæ Ирыхъæуы ног æртæуæладзыгон астæуккаг скъола куы сарæзтой, уæд дзы спортзал нæ сырæзт. Хъæубæсты адæм, скъоладзауты ныййарджытæ фарста æвæрдтой, цæмæй сæм ног спортивон зал фæзына, фæлæ уал азы дæргъы хъуыддаг йæ бынатæй не змæлыд. Æмæ ныр ацы азы майы скъолайы тæккæ фарсмæ аразын райдыдтой ног егъау спортивон зал (дыккаг къам). Астæуккаг нымадæй дзы æрвылбон дæр кусы 15 адæймаджы.
Куыстыты заказгæнæг у Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрад, нардуатæй кусæг та – арæзтадон организаци "Стройклимат". Объект кæронмæ хъуамæ сцæттæ уа ноябры.
Скъолайы директор Кънатты Азæ нын бамбарын кодта: спортзал куы сцæттæ уа, уæд скъолайы фыццаг уæладзыджы къул акъæртт кæндзысты æмæ йæм бацæуæн сараздзысты. Ахуыргæнинæгтæ цæудзысты ууылты, цæмæй сæ æддæмæ хизын ма хъæуа.
ГАССИТЫ Моисей