Новости

Не 'взонгады бæрæгбон

Хистæртæ хорз хъуыды кæнынц, фæскомцæдисы рæнхъытæм куыд цыдысты, уый. Уæд фæсивæдмæ бæрнон каст ацы кахдзæф. Уый уыд се 'взонгады бæрæгбон. Абон дæр ма æхсызгонæй æрымысынц уыцы рæстæг.

1917 азы февралы Владимир Ленины хъæппæрисæй сырæзт Уæрæсейы социал-демократон кусæг партийы VI съезд, æмæ уым райстæуыд резолюци "Фæсивæды бастдзинады тыххæй".

index

Уыцы азы кæронмæ революцион фæсивæдон организациты уыд 40 мины бæрц æвзонг лæппу æмæ чызджы.

1918 азы 29 октябрæй 4 ноябрьмæ уагъд цыд кусæг-зæхкусæгон фæсивæды цæдисы Æппæтуæрæсеон съезд, æмæ уым сырæзт Æппæтцæдисон ленинон коммунистон фæсивæдон цæдис (ВЛКСМ).

Уыцы рæстæг Цæгат Ирыстоны дæр сырæзт фæскомцæдисон организаци, йæ сæргъы слæууыд Хосроты Аврам.

Советон фæскомцæдисы сырæзтыл ныр, 29 октябры, сæххæст 105 азы. Уый цытæн бирæ мадзæлттæ сарæзтæуыд нæ республикæйы дæр.

Горæтгæрон районы Компартийы минæвæрттæ уыцы бон Октябрыхъæуы центры Владимир Ленины цыртдзæвæны цур фæсивæдæй цалдæры райстой фæскомцæдисы рæнхъытæм: Æлборты Дианæйы, Теблойты Маринæйы, Годжыцаты Давиды, Хуыбецты Яковы, Годжыцаты Константины æмæ æндæрты. Радтой сын билеттæ æмæ сын раарфæ кодтой.

Фæскомцæдис цы фæндæгтыл рацыд, уый тыххæй раныхас кодта районы коммунистты сæргълæууæг Биазырты Фатимæ.

ГАССИТЫ Моисей

Печать E-mail