Новости

Кад дын, ныййарæг!

Хуыцаубоны, 26 ноябры, Горæтгæрон районы сбæрæг кодтой Мады бон. Уый цытæн хъæлдзæг мадзæлттæ ацыд Культæрæйы галуаны. Йæ архайджытæ кад кодтой мадæн, ныййарæгæн.

мероприятие

 Нæ зынгæ поэт Дзанайты Иван (Нигер) кæддæр фыста:

Ды нæ зоныс, сæрæй

Мæн куыд уарзта мæ мад,

Гъе мæ авдæнхъæдыл

Æхсæв-бонмæ куыд тад.

 Районы Сылгоймæгты цæдисы сæрдар Чысиаты Людмилæ æрбамбырд кодта алы хъæутæй бирæсывæллонджын ныййарджыты, стæй ма йæ куысты хорз бæрæггæнæнтæ кæмæн ис, Украинæйы йæ хæстон хæс чи æххæст кодта æмæ кæны, уыдоны ныййарджыты æмæ æндæр уазджыты.

Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Хъуысаты Эльвирæ æмæ нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Кæркуысты Ларисæ фæндырыл цæгъдгæйæ аив сæххæст кодтой зарæг "Мад, мад, мад".

Мадæлтæн арфæйы ныхæстæ ракодта районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери.

Бокоты Зæлинæ бирæ азты дæргъы кусы Комгæроны Культурæйы хæдзары директорæй. Йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой фондз кæстæры – цыппар лæппуйы æмæ чызг. Уыдонæй æртæ æфсымæры сты Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ Украинæйы. Гаджиты æфсымæртæ сæ хæс фидынц намысджынæй.

Ацы мадзалы Зæлинæ раныхас кодта мадæлты номæй, æмæ йæ бафæндыд, цæмæй алы ныййарæг дæр уа æнæмаст, кæстæрты зындзинад макуы фена. Йæ номыл ын музыкалон номыр "Чызджыты кафт" сæххæст кодта ансамбль "Арвы Арт".

Районы хъæутæй цы мадæлты фæхуыдтой, уыдон уыдысты: Дзукъаты Иннæ, Хуыгаты Лаурæ, Джиоты Мая (дыууадæс хъæбулы мад, йæ хистæр фырт ис Украинæйы сæрмагонд операцийы, у Донгæроны цæрæг), Раузат Ганижева. Джызæлы хъæуæй уыд Дойаты Липæ Маддзинады майданы II къæпхæны хицау, Уæрæсейы Федерацийы иумæйаг ахуырады кадджын кусæг, йæ ахуыргæнæджы куысты стаж у 45 азы, уыимæ ноджы Хъуылымбегты Ноннæ, Гæджынты-Хъаныхъуаты Бэллæ, Абайты Алинæ, Джихаты Фатимæ, Бететы Евгения.

Людмилæ ракодта уазджытæн бирæ рæсугъд арфæтæ, æмæ сын уый фæстæ Сылгоймæгты цæдисы номæй лæваргонд æрцыдысты дидинджыты бастытæ æмæ концертмæ билеттæ.

Уазджытæн музыкалон номыртæ сæххæст кодтой ансамбль "Фидæн", Санахъоты Эрик, Саутæты Дзерассæ, Тараты Лианæ, Хуыгаты Ибрагим, Джихаты Роман, адæмон инструментты оркестр "Фыдæлты намыс", Джихаты Рустам, Медойты Аслан æмæ æндæртæ. Сылгоймæгтæн балæвар кодтой дидинджытæ.

Дойаты Липæйæн ма Джызæлы бынæттон администрацийы номæй лæвар радта Джелыты Ритæ.

Ныййарджыты номæй бузныджы ныхæстæ загътой Бететы Евгения (Ногир), Джиоты Мая (Донгæрон), Джихаты Фатимæ (Сунжæ) æмæ Хъуылымбегты Ноннæ (Ирыхъæу).

Кæронбæттæны Культурæйы галуаны директор Мæхъиты Хадизæт бузныг загъта мадæлтæн, мадзалы архайджытæн, бацæттæгæнджытæн, æмæ сын æнæмаст æмæ зæрдæрухс царды арфæтæ ракодта.

Кад дын, ныййарæг!

ГАССИТЫ Моисей

Печать