Новости

Кадджын лæгæн - кад

Г о р æ т г æ р о н районы æмæ нæ республикæйы дæр зындгонд уыд æцæг ирон лæг, фæрнджын адæймаг, æгъдауыл хæцæг, районы Ныхасы раздæры сæрдар Ходы Несторы фырт Æхсар. Уый уыд йæ адæмы æцæг патриот, хорз бинонтæ æмæ кæстæрты хицау, аргъ уыд йæ ныхасæн. Куыд куыста, куыд фæллой кодта алы бынæтты, уый та у цæвиттойнаг.

1 ныхас

Ходы-фырт райгуырди 1930 азы 25 ноябры Алагиры районы Садоны хъæуы шахтерты бинонты 'хсæн. 1938 азы цæрынмæ ацыдысты Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрбынат кодтой Цхинвалы районы Ходы хъæуы. Ам Æхсар ахуырмæ бацыд райдайæн скъоламæ, уый фæстæ та – сыхаг Къостайы хъæуы астæуккаг скъоламæ. Уым каст фæци аст къласы. 1941 азы амард йæ фыд, æмæ лæппу хъомыл кодта сидзæрæй.

1946 азы Ходы бинонтæ æрцыдысты Горæтгæрон районы Сунжæйы хъæумæ цæрынмæ, æмæ æвзонг Æхсар ам кусын райдыдта Буденныйы номыл колхозы родгæсæй. Иу азы фæстæ йæ снысан кодтой ацы хæдзарады фæскомцæдисон фæсивæдон звенойы разамонæгæй. 1950 азы Горæтгæрон районы цыппар колхозы баиу сты, æмæ сæ сырæзт Маленковы номыл иу хæдзарад. Æхсары ацы колхозы сæвзæрстой фæскомцæдисон организацийы секретарæй. 1952 азы йæм фæсидтысты советон æфсады рæнхъытæм, æмæ дзы службæ фæкодта 1955 азмæ. Куы æрыздæхт, уæд кусын райдыдта Сунжæйы колхоз "Хæлардзинад"-ы фермæгæсæй. Æртæ азы фæстæ йæ хæдзарады партион организаци ахуыр кæнынмæ арвыста Цæгат Ирыстоны обкомы советон партион скъоламæ. Ацы скъола сæхгæдтой, фæлæ Æхсар йæ ахуыр адарддæр кодта Дагестаны обкомы советон  партион скъолайы. Каст æй куы фæци, уæд авд азы дæргъы куыста экономистæй.

1967 азы йæ раивтой колхозы дыргъкуыстгæнæг бригадмæ разамонæгæй, куыста дзы экономистæй дæр 1974 азы онг. Уæдæй 1977 азмæ та уыд  амбилеевкæйы химзаводы экономист. Уырдыгæй йæ аивтой Ленины номыл колхозы экономисты бынатмæ. 1990 азæй 1992 азмæ куыста Октябрыхъæуы хъæусоветы сæрдары хæдивæгæй. Пенсимæ рацыд уырдыгæй.

Ходы-фырт бирæ хæрзиуджытæй хорзæхгонд уыд: майдантæ "Цæсгомджын куысты тыххæй", "Фæллойы ветеран", "Ирыстоны намысæн", стæй йын радтой Цæгат Ирыстоны сгуыхт экономисты ном. Уыд Горæтгæрон районы кадджын æмбæстаг.

Æхсар къорд азты удуæлдай фыдæбон фæкодта нæ районы Ныхасы сæрдарæй. Тынг бирæ йын бантыст саразын. Йæ 90 азы сæрты акаст, афтæмæй ацыд йæ рухс дунемæ.

Ходы-фырт цард Октябрыхъæуы Уæлахизы уынджы. Йæ хæдзары къулыл ын бакодтой мемориалон фæйнæг. Ацы хорз хъæппæрис рацыд нæ районы Ныхасæй (сæрдар Дзуццаты Валери). Баххуыс ма кодтой æндæр адæм дæр, æмæ сын бузныг.

Знон бирæ адæм æрбамбырд Æхсары хæдзары размæ – йæ хиуæттæ, хъæуты Ныхасты сæрдартæ, кæимæ куыста, уыдон, стæй бынæттон администрациты кусджытæ, сыхбæстæ, чи йæ зыдта, уыцы адæм, фæсивæд.

Уыдысты дзы Горæтгæрон районы Минæвæртты æмбырдгонды сæрдары хæдивæг Биазырты Фатимæ, администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзанæгаты Гуля, Культурæйы управленийы хицау Табуты Георги.

Æхсары цардвæндаджы тыххæй радзырдтой Дзуццаты Валери, Иры Стыр Ныхасы сæрдар Уататы Зелим, Ленины номыл колхозы раздæры сæрдар Темыраты Виктор, стæй Ходы Таймураз мыггаджы номæй.

Фæйнæг байгом кодта мыггаджы кæстæр Ходы Игорь.

ГАССИТЫ Моисей

Печать E-mail