Новости

Фæзминаг кæстæр

Бедойты Æхсарбег æмæ йæ цардæмбал Персаты Иринæ рагæй цæрынц Михайловскы хъæуы. Хæрзконд, аив хæдзар, æфснайд кæрт. Цы ма вæййы хуыздæр! Сыгъдæгдзинадæн æмбал нæй, æмæ канд хæдзары къуымты нæ, фæлæ ма уынджы аивдзинадмæ дæр кæсынц. Уыдон сты хæдзары фарны уылæнтæ.

011

Хъæубæсты кад кæмæн ис, адæмимæ уарзон цард чи кæны, фыдæлты фарн чи рахаста, ахæм сты Бедойты бинонтæ. Зæдтæм кувæг Æхсар æмæ Персианæн Хуыцау æмæ Мады Майрæм балæвар кодтой дыууæ лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. Абон уыцы кæстæртæ рахъомыл сты. Алчидæр сæ йæ царды хъæугæ бынат æрцахста.

Цы у амонд? Бедойты Æхсар æмæ Иринæйы кæстæртæ балæвар кодтой диссаджы амонд сæ ныййарджытæн.

Фæнды мæ бæлвырддæр радзурын цыппар хъæбулæй иуы тыххæй. Йæ ном Валери. Йæ рæстæджы хæцыдис хъæбысæй. Бирæ æнтыстытæ бафтыд йæ къухы. Ныр цалдæр азы кусы сабитимæ. Михайловскы уыдис хъæбысæй хæцыны зал. Валери сцалцæг кодта уыцы бæстыхай, æмæ сывæлæттæ ныххæррæтт кодтой уырдæм. Кусын байдыдта семæ къуыри æртæ боны, иннæ бонты та куыста Дзæуджыхъæуы, Андиаты Сосланы номыл цы стыр галуан ис, уым.

Арæх фембæлæм Валериимæ. Суанг ма горæты куы вæййын, уæд æм уырдæм дæр бауайын. Мæ къах мæ нал фæхæссы уырдыгæй. Цымыдисы каст фæкæнын, куыд хорз арæхсы сывæлæттимæ. Æхсай сывæллонмæ æрбахизы спортзалмæ. Уыдонæй алкæмæн дæр зонын хъæуы йæ зæрдæйы уаг, æмбарын, куыд бауарзын кæна ацы спорт. Фылдæрæй-фылдæр кæнынц, тырнынц размæ, фæллад нæ зонынц.

Валерийæн йæ бон куыд у, афтæ сын арæхдæр кæны ерыстæ. Уым бынтон æндæрхуызон вæййынц сабитæ, сæ цæстыты æрттывд фæзыны. Валери мын зæгъы: "Ацы сæрды дыууæ хатты уыдыстæм Мæздæджы. Уыдис дзы Хуссар Федералон зылды ерыстæ 8-аздзыдтæй 16-аздзыдты онг богæлтты 'хсæн. Бузныгæй баззадтæн мæ дæс хъомылгæнинагæй: равдыстой хорз арæхстдзинад, хъæбысхæсты сын цы сусæгдзинæдтæ бацамыдтон, уыдон. Æхсызгон мын вæййы уый кæддæриддæр.

Нæхимæ дæр, Андиаты Сосланы номыл галуаны, дыууæ хатты скодтам ерыстæ. Бынтон æрæджы Октябрыхъæуы дæр Спорты галуаны ерысты фембæлдысты нæхи районы хъæуты чысыл спортсментæ. Иттæг хорз ацыд ацы мадзал, æмæ мæ дæс богалы ссисты ерысты призертæ".

Диссаг у, Валери цыма æндæрхуызон æвзагыл дзуры сывæллæттимæ. Куыд ын æнтысы алы сабийы гыццыл зæрдæмæ фæндаг 'ссарын!

Валери та мын зæгъы: "Фæллайгæ дæр куыннæ бакæнын. Мæхи æруадзын диваныл æмæ уайтагъд афынæй вæййын. Æмæ та фыны дæр уынын: мæ алфамбылай карчы цъиутау æрæмбырд сты мæ чысыл богæлттæ".

Ахæм уарзтæй бауарз утæппæт сывæллæтты! Уымæн, æвæццæгæн, йæ зæрдæйы ис æндæрхуызон тæгтæ. Сывæллæтты уарзты уылæнты аныгъуылди Валери, æмæ йæ мыййаг куы æрбайрох уа йæхицæн бинонты хабар саразын. Бантысæд ын!

Валери, раст фæндаг равзæрстай, æмæ йыл ныфсджын къахдзæфтæ куыд кæнай, уыцы арфæ дын Хуыцау æмæ дзуæрттæ ракæнæнт.

Æхсар æмæ Иринæ, Ног аз арфæйы къах æрбавæрæд уæ фæрнджын къæсæрыл!

ДЗУЦЦАТЫ Валери

Печать