Новости

Æргом ныхас

IMG 2526Комгæроны Культурæйы хæдзары конд æрцыд уæрæх æмбырд. Сарæзта йæ хъæуы Ныхасы сæрдар Болататы Тенгиз. Æрбацыдысты йæм хъæубæсты адæм, ахуыргæнджытæ, колхозонтæ, фæсивæд, сабидоны æмæ Культурæйы хæдзары кусджытæ, пенсиисджытæ.

Æмбырдмæ хуынд æрцыдысты Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы Координацион советы сæрдар Уататы Зелим, йæ хæдивæг Туаты Руслан, Горæтгæрон районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери, Комгæроны бынæттон администрацийы сæргълæууæг Туаты Олег, йæ хæдивæг Джыгкайты Мишæ, колхозы сæрдар Джыккайты Вовæ, скъолайы директор Тотраты Анжелæ, æндæр бæрнон кусджытæ, журналисттæ. Сæ рухс нæмттæ æрымысыдысты, Ныхасы уæнгтæй чи фæхъуыд, стæй Украинæйы цы  фсæддонтæ фæмард, уыдонæн.

IMG 2530Болататы Тенгиз бæстон æрдзырдта, цы бакуыста, стæй ма йын саразинаг цы баззад, уыдæттыл: нæ ирон æгъдæуттæ æххæст кæныныл, бафæзминагæй дзы цы нæ ис, уыдон аппарыныл, æвзаджы фарстайыл, фæсивæдимæ хъомыладон куыстыл æмæ афтæ дарддæр.

Æмбырд ноджы фæхъæздыгдæр раныхасгæнджыты фиппаинæгтæ æмæ баххæстгæнинæгтæй.

Ам цы фарстатыл дзырд цыд, уыдон сты актуалон алы хъæуы дæр. Нæ ирон æгъдæуттæй райсинаг цы нæ ис, уыдон аиуварс кæныныл рагæй дзырдæуыд, фæлæ йын æххæст кæрон нæй. Зæгъæм, цы пайда у зианы рæстæджы лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын? Уый ирон адæммæ никуы уыд. Фыдохы ныхас куы фæкæнæм марды уæлхъус, уæд бирæтæ фæхъæлæба кæнынц, æмæ дзы адæймаг ницы бамбары. Нæ уæлæдарæсы конд дæр хъуамæ уа нывыл.

Цал æмæ цал хатты дзырдæуыд, цæмæй мæрдæхсæвæры æргæвдинаг ма кæнæм, стыр æй ма аразæм, фæлæ алы хатт афтæ нæ вæййы. Цинаджы кæнæ зианы фынгыл адæмæн цалдæр хатты фæзæгъынц, æрбадут, зæгъгæ. Тыххатыд цæмæн домынц сæхимæ? Стæй иуæй-иу хистæртæ дæлдæр æрбадынц кæстæртæй, афтæмæй та куыд хистæрæй хъуамæ бадой. Æмбæхсинаг нæу уый дæр, æмæ цыфæнды фынгыл дæр æртæ-цыппар рæгъы куы рацæуы, уæд бирæртæ сæ ныхасы сæр раивынц политикæйы хабæрттæм.

Хъæуы Ныхасæн фембæлдтытæ вæййы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутимæ, ауадзынц æвзаг æмæ æгъдæутты тыххæй мадзæлттæ. Ис ын æнгом бастдзинæдтæ бынæттон администраци, колхоз "Терек", Сылгоймæгты, Ветеранты советтимæ.

Æмбырды Уæллаг æмæ Дæллаг Комгæроны хъæуты фæсивæдæн сæвзæрстой раздзæуджытæ – Тыбылаты Зауыр æмæ Тотраты Аланы. Уыдон кæндзысты æнгом куыст. Дзырд ма цыд æндæр фарстатыл дæр.

Сæ раныхæстæ ахадæн, нысанмæздæхт, арфхъуыдыджын уыдысты Дзуццаты Валерийæн, Уататы Зелимæн, Туаты Русланæн, Тотраты Анжелæйæн, Туаты Олегæн, хъæубæсты цæрджытæ Сланты Константинæн, Бæззаты Ахмæтæн, Сагкаты Ираклийæн, Туаты Тенгизæн æмæ æндæртæн.

Æмбырды архайджытæ Ныхасы сæрдар Болататы Тенгизы куыстæн скодтой æмбæлон аргъ.

ГАССИТЫ Моисей

Печать