Мæ хорз сыхаджы æнтыстытæ
Горæтгæрон районы Ирыхъæуы цæрæг лæппу Гæззаты Давид райгуырд 2004 азы 8 сентябры. Хъæуы астæуккаг скъолайы 9-æм кълас каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы 7-æм училищæйы пъовыр-кулинары дæсныйадыл æмæ ныртæккæ дæр ам ахуыр кæны фæстаг, 4-æм курсы.

Гæззаты лæппу чысылæй дæр арæхст хæринæгтæ кæнынмæ, ацы хъуыддаг æрдзæй рахаста, æмæ сæ хæрзхъæддзинадæй уыдысты хæрзад. Ахуыримæ иумæ кæны кусгæ дæр – Дзæуджыхъæуы уазæгдон "Владикавказ"-ы италиаг ресторан "ВЕРДИ"-йы. Йæ разамонджытæ сты райгонд йæ армæй арæзт алыхуызон италиаг хæринæгтæй.
Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы аз горæт Дзæуджыхъæуы сырæзтыл æххæст кæны 240 азы. Уый цытæн горæты администраци расидт уæрæхфæлгæтон конкурс хуыздæр, хæрзаддæр тъорт скæнынæн. Ахæм конкурс Дзæуджыхъæуы ацыд фыццаг хатт.
Фыццаг этапы финалмæ рацыдысты æртæйæ. Финалмæ Гæззаты Давид скодта тъорт ирон цыхтимæ хæццæ кремимæ. Аргъгæнджытæ та уыдысты, конкурсы раздæр регистрацигонд чи æрцыд, уыцы адæм. Хъæлæстæм гæсгæ рамбылдта Давид: адæм ын йæ тъортæн скодтой тынг хорз аргъ, æмæ бацахста фыццаг бынат.
Горæт Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав 240 мин сомæн сертификат радта Гæззаты Давидæн цытджын æгъдауæй.
Гæззайы-фырт уый размæ дæр раззаг бынæттæ бацахста уæрæсеон конкурсты. Афтæ Хъырымы дæр Цæгат Ирыстоны номæй сцæттæ кодта ирон хæбизджынтæ, лывзæ, дзыкка æмæ æндæр хæринæгтæ. Ныр та архайдзæн Адлеры конкурсы, æмæ зæрдæ дарæм, кæй фæуæлахиз уыдзæн.
Давидæн ахæм æнтыст кæй уыд, ууыл тынг фæцин кодтой йæ ныййарджытæ Заза æмæ Хынцæгты Хатунæ, æфсымæр Зауыр, хиуæттæ, сыхбæстæ, æмбæлттæ, æмкусджытæ, мыггаг, æмкурсонтæ. Мæ сыхаг, сабыр, æгъдауджын лæппумæ хорз фидæн æнхъæлмæ кæсы, æмæ йын бантысæд!
ГАССИТЫ Моисей