Новости

Цымыдисон мадзал

Ирыхъæуы иумæйагахуырадон астæуккаг скъола банысан кодта Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон. Архайдтой дзы 1–11-æм кълæсты ахуырдзаутæ се 'ппæт дæр сæ къласгæстæ æмæ ахуыргæнджытимæ.

294b0c74 f3e2 4abd 93be 52a198fdd4d2

Скъолайы директоры хæдивæг хъомыладон куысты фæдыл Тыджыты Тамарæ нын куыд радзырдта, афтæмæй ахуыргæнинæгтæ дзырдтой хæстон, æфсæддон æмдзæвгæтæ, фылдæр æххæст кодтой зарджытæ, æмæ мадзал рауад концерты хуызæн. Сæ рухс нæмттæ ссардтой, Украинæйы хæсты чи фæмард, уыцы æдзард лæппутæн.

Бæрæгбонон мадзалы тынгдæр фесгуыхтысты 2–3-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ.

ГАССИТЫ Моисей

Печать E-mail