Новости

Уыцы цыппæрдæс лæппуйы

Уыцы цыппæрдæс лæппуйы сагсуртæ, сæрæнгуырдтæ, хурау худгæ уыдысты. Хъæбатыртæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ. Сæ иуæй иннæ рæсугъддæр, бакастджындæр. Сыхбæстæн, хъæубæстæн, æмбæлттæн - фæзминаг. Тынг бирæ уарзтой цард æмæ Украинæмæ дæр уымæн атагъд кодтой сæрмагонд æфсæддон операцимæ – цæмæй хæст æруромой æмæ цард уа сабыр.

стенд

Уыцы цыппæрдæс лæппуйы хъайтарæй тох кодтой украинаг неофашистты ныхмæ, алкæцыдæр дзы райста хæрзиуæг – ордентæ æмæ майдантæ. Уыцы цыппæрдæс лæппуйæ иутæ тох кодтой Сирийы, Цæцæны, Хуссар Ирыстоны. Тыхгæнæг сын тых нæ ардта, дæрæн, куынæг кодтой знаджы.

Уыцы цыппæрдæс лæппуйы уыдысты Сунжæйæ, ахуыр дæр ацы хъæуы скъолаты кодтой, стæй сæ дарддæры цард арæзтой. Сæ фылдæрæн уыд бинонтæ, кæстæртæ. Уыцы цыппæрдæс лæппуйы рухс нæмттæ æрымысыдысты Сунжæйы Багаты Иваны номыл иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы. Ам сæ номыл байгом мемориалон фæйнæг 29 февралы. Уый цытæн тынг бирæ адæм æрбацыд ардæм: хæстонты ныййарджытæ, бинойнæгтæ, кæстæртæ, мадызæнæгтæ, æмбæлттæ, хиуæттæ, сæ ахуыргæнджытæ, æмкъласонтæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, бынæттон администрацийы кусджытæ, журналисттæ, райадминистрацийы бæрнон кусджытæ.

Уыцы цыппæрдæс лæппуйæн мемориалон фæйнæг байгом кæныны цытæн мадзал уагъд цыд дыууæ хайæ. Фыццаг уыд скъолайы актон залы. Ахуыргæнинæгтæ ам сæ алкæй тыххæй дæр радзырдтой хицæнæй: кæм райгуырдысты, кæм ахуыр кодтой, цы куыстыл хæст уыдысты, кæм хæцыдысты, цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, цавæр хæрзиуджытæй сæ схорзæхджын кодтой. Судзгæ цырæгътимæ скъоладзаутæ дзырдтой хæстон æмдзæвгæтæ, кодтой æнкъард зарджытæ, экраныл æвдыст цыдысты хъæбатырты сгуыхтдзинæдтæ æмæ цардвæндæгты тыххæй видеоравдыстытæ. Нæ зынгæдæр зарæггæнджытæ Медойты Аслан, Джихаты Рустам, Бæззаты Эдик æмæ æндæртæ сæ рухс нæмттæ ссардтой сунжæйаг цыппæрдæс хæстонæн. Зын бакæсæн уыд цыппæрдæс цæргæсы ныййарджытæм, мадызæнæгтæм, хъæбултæм. Сæ цæссыг нæ урæдтой, хæкъуырцкуыд кодтой, афтæ залы бадæг иннæ адæм дæр. Сæ тæригъæд знагæн нæ батайдзæн.

Уыцы цыппæрдæс лæппуйæн мемориалон фæйнæг байгом кæныны дыккаг хай та ацыд скъолайы фыццаг уæладзыджы. Сунжæйаг лæппуты хъайтардзинад æмæ лæджыхъæды тыххæй дзырдтой æмæ мадзал бацæттæгæнджытæн, хæстонты ныййарджытæн æмæ скъолайы разамындæн бузныг загътой Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы сæрдар Уататы Зелим, Сунжæйы хъæуы инæлар Бедойты Русланы номыл бындурон астæуккаг скъолайы директор Хуыгаты Æхсар, Горæтæгæрон районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери, историон зонæдты доктор Козаты Петр, Сунжæйы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Багаты Марат æмæ æндæртæ.

Уыцы цыппæрдæс лæппуйæн мемориалон фæйнæг байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд сæ кæстæртæн. Фæйнæджы цур адæм сæвæрдтой бирæ дидинджытæ. Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ уæлдæфы ауагътой цыппæрдæс урс-урсид тымбылæджы.

Уыцы цыппæрдæс лæппуйы уыдысты: Багаты Ацæмæз, Гæджиты Георги, Бестауты Ацæмæз, Алишер Хакимов, Нартыхты Валери, Тедеты Альберт, Бæгъиаты Ибрагим, Хуыгаты Аркади, Бæзаты Руслан, Годжыцаты Станислав, Кокойты Алан, Остъаты Тамерлан, Джаджиты Аслан æмæ Æлборты Сослан.

Ацы цыппæрдæс лæппуйы æнусмæ баззайдзысты Ирыстонæн хъæбатыр хæстонтæй æмæ уыдзысты æхсардзинады дæнцæг нæ кæстæр фæсивæдæн.

ГАССИТЫ Моисей

Печать