Новости

Сæ кад, сæ ном цæрдзæн æнустæм!

1a273d77 a294 430c 9dea 59b4c69f8871

Ныр дыууæ азæй фылдæр Уæрæсе Украинæйы цы сæрмагонд æфсæддон операци æххæст кæны, уым нæ Ирыстоны лæппутæ сæхи сæрæнæй æвдисынц. Райстой алыхуызон хæстон хæрзиуджытæ. Уыдонимæ сты Горæтгæрон районы Тарскæйы фæсивæд дæр. Хъыгагæн, уыдонæй фæмард дæс лæппуйы, се ‘хсæн Хъантемыраты Зауыр, Кобесты Роберт, Наниты Чермен æмæ Тедеты Гермæн дæр. Ацы хъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы ахуыр кодтой сæ цыппар дæр. Уыдысты ныфсы кæстæртæ, фæзминаг. Æнусон кад æмæ сын цыт!

6e401f0f 78e4 40e6 ba97 5d7d7df13cb0Хорз хъуыддаг фæзынд ацы астæуккаг скъолайы: сæ хъæуæй Украинæйы хæсты чи фæмард, уыдоны номыл скæнынц кълæстæ, сæ къултыл сын мемориалон фæйнæджытæ бакæнынц, кæнæ та саразынц "хъæбатыры партæтæ".

41672b49 49f9 4b4b a169 70f17b9df06cАфтæ уыд ацы къуыри дæр. Тарскæйы 1-æм астæуккаг скъоламæ æрбамбырд сты, уæлдæр кæй кой кодтон, уыцы хъайтарты бинонтæ, хицæуттæ, æмкъласонтæ, æмхæстонтæ, сыхбæстæ, фæсивæд, ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, æндæр адæм. Уыдон фыццаг бацыдысты æртыккаг уæладзыджы 10-æм къласмæ. Ам æвæрд ис ефрейтор Тедеты Гермæны номыл "хъæбатыры партæ". Ууыл сбадыны амонд æрхаудзæн, иттæг хорз чи ахуыр кæны, уыцы скъоладзаутæм. Тедейы-фырт фæмард 2022 азы 28 февралы.

ed0c0136 59d6 4814 8b4b 9649eab31aa2Ацы къласæн радтой Хъантемыраты Зауыры ном æмæ йын дзы байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Уый дæр хæстон сæрæндзинæдтæ бирæ равдыста, уыд сержант, артиллерион батарейы хæстон машинæйы бахыгъды командир. Фæмард 2022 азы 29 августы Херсоны областы Каховкæйы районы. Куы фæзиан, уый фæстæ йæ схорзæхджын кодтой Лæгдзинады орденæй.

Скъолайы дыккаг уæладзыджы ис 2-æм кълас. Уый та ныр у Кобесты Роберты номыл, байгом дзы кодтой цытджын æгъдауæй йæ номыл къулыл конд фæйнæг. Уыд хæдтулгæскъæрæг. Хъæбатырæй фæмард цæрæн пункт Переможнæйы 2023 азы 23 декабры. Хорзæхгонд у Жуковы майданæй.

Суворовы майданæй схорзæхджын кодтой Наниты Чермены йæ хæстон лæгдзинады тыххæй. Уый дæр йæ хæс æххæст кæнгæйæ бабын Запорожьейы областы Таврияйы хъæуы.

Чермены ном та хæсдзæн скъолайы 1-æм кълас. Ис ам йæ номыл мемориалон фæйнæг.

Скъолайы директор Тъехты Дунессæ сертификаттæ æмæ Арфæйы фыстæджытæ радта, хæстонты ном чи хæсдзæн, уыцы кабинетты къласгæстæ Сланты Мæдинæ, Хæныкъаты Земфирæ æмæ Бицойты Маргаритæйæн.

Хæстонты мемориалон фæйнæджытæ байгом кодтой сæ хиуæттæ æмæ раззагдæр скъоладзаутæ. Раныхас кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фæмардуæвæг бинонты Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы Цæгат Ирыстоны регионалон хайады къухдариуæггæнæг Татьяна Днепровская, Горæтгæрон районы администрацийы Ахуырады управленийы хицау Кокайты Белæ, 429 полчы æфсæддон-политикон цæттæдзинады æмæ информаци дæттыны фæдыл инструктор Надежда Жданова, зынгхуыст лæппуты æмхæстонтæ Гаджиты Артур æмæ Баграт Габриелян, скъолайы директор Тъехты Дунессæ æмæ æндæртæ.

Мемориалон фæйнæджытыл æмæ хъæбатыры партæйыл фыст сты хæстонты царды хабæрттæ æмæ тохы фæндæгтæ. Бузныг Татьяна Днепровскаяйæн, ацы хорз хъуыддæгтæ саразынмæ сæрмагонд хайбавæрд кæй бахаста, уый тыххæй.

Номарæн мадзалы уыд нæ районы администрацийы фæсивæды, физикон культурæ æмæ спорты хайады хицау Дзеранты Марик дæр.

ГАССИТЫ Моисей

Печать