Азæмæты сгуыхтдзинæдтæ
Комгæроны иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуыргæнинаг Тотраты Азæмæтæн æнтыстдзинæдтæ ис ахуыры æмæ спорты. У цæрдæг, æнæхин лæппу.
Ныр фондз азы дæргъы хæцы хъæбысæй. Фыццаг тренировкæтæ кодта Комгæроны хъæуы тренер Хуыгаты Эльбрусмæ. Уый фæстæ Эльбрус кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы хъæбысхæсты клуб "Трудовые резервы"-йы æмæ Азæмæты дæр уырдæм акодта. Æвзонг лæппу цалдæр хатты бацахста раззаг бынæттæ.
Æмæ та фæд-фæдыл ног æнтыстдзинæдтæ. Алагиры районы уагъд цыд Гæздæнты æфсымæрты номыл турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Тотраты лæппу дзы бацахста фыццаг бынат, æмæ йын радтой рон. Ацы турнирæй цыппар боны фæстæ та Грознайы дæр уагъд æрцыд турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, æмæ та ам дæр уæлахиздзау ссис Азæмæт, радтой та йын рон!
Афтæмæй иу къуырийы дæргъы дыууæ турниры уæлахиздзау ссис ирон лæппу!
Йе 'нтыстыл ын фæцин кодтой йæ ныййарджытæ, бабатæ æмæ нанатæ, æмкъласонтæ, æмбæлттæ, ахуыргæнджытæ, сыхбæстæ, хиуæттæ. Мах дæр ын арфæ кæнæм. Йæ къухы дарддæр дæр æфтæнт хорз хъуыддæгты æнтыстдзинæдтæ!
Размæ, Азæмæт, ног уæлахизтæм!
ГАССИТЫ Моисей