Новости

Национ тырысахæссæг

IMG 8171Ирон æвзагыл бирæ журналтæ цыд мыхуыры, фæлæ дзы "Мах дуг" æмæ "Фидиуæг"-æй фылдæр цæрæнбон никæмæн уыдис. Хуссар Ирыстоны журнал "Фидиуæг"-ы фыццаг номыр рацыд 1927 азы январы мæйы, "Мах дуг" та – 1934 азы майы мæйы. Ныр у йæ юбилей – 90 азы, æмæ йе 'ппæт кусджытæн дæр зæрдæбын арфæ кæнæм.

Цас фæфыдæбон кодтой журнал рауадзыныл редактортæ Къосираты Сæрмæт, Дзаттиаты Алыксандр, Боциты Барон, Бæдоаты Хъазыбег, Епхиты Тæтæри, Дзаттиаты Тотырбег, Плиты Грис, Токаты Асæх, Цæгæраты Максим, Мæрзойты Сергей, Цырыхаты Михал, Богазты Умар, Хъодзаты Æхсар, Мамыкъаты Хъазыбег. Ныр та ацы фæрнæйдзаг хъуыддаг дарддæр æххæст кæны Хетæгкаты Оксанæ. Бантысæд ын!

Уæлдæр загътон, бирæ журналтæ цыд мыхуыры иронау, зæгъгæ, фæлæ сæ уæвындзинад бирæ нæ ахаста. Фыццаг ирон журнал "Зонд" рацыд 1907 азы, æртæ азы фæстæ та Калачы фæзынд æндæр журнал – "Æфсир" (йæ саразæг Коцойты Арсен). Бетъырбухы 1912 азы мыхуыры цæуын райдыдта журнал "Хуры тын". Йæ саразæг æмæ редактор уыд Брытъиаты Елбыздыхъо. Уый фæстæ фæзындысты ног журналтæ "Чырыстон цард", "Абон", "Литературæйы хъазуатон", "Ног талатæ". Уыдон дæр бирæ нæ ацардысты.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ нæ фысджытæ литературæмæ сæ фæндаг кæй ракодтой журнал "Мах дуг"-ыл. Уым æмæ газет "Рæстдзинад"-ы мыхуыр кодтой фылдæр сæ уацмыстæ, семæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй цы взонг фысджытæ нал сыздæхт, уыдон дæр.

"Мах дуг"-ы сæйраг редакторæй иу Хъодзаты Æхсар кæддæр фыста: "Ныронг нæ къухы цы бафтыди, цы сарæзтам, уый бæрæг у. Нæ хъуыддæгтæ æхсæны царды сæ фæд ныууагътой. Сæйрагдæр у, фидæны нæ куыст куыд ацæудзæн, уый".

"Мах дуг"-ы коллективы размæ уымæ гæсгæ абон стыр хæс лæууы, æмæ йыл архайы алыхуызон конкурсты фæрцы, агуры ног курдиæттæ Цæгатæй Хуссармæ, Уæрæсейы регионты, суанг фæсарæнты дæр. Уыцы куысты йын ис ныридæгæн æнтыстдзинæдтæ, æмæ йæ къухы æфтæнт!

Сбæрæг кодта нæ уарзон журнал "Мах дуг" йæ 90 азы кадджын юбилей, æмæ йын цы арфæйы ныхæстæ фæкодтой, уыдон ыл нæ редакцийы хорз фæндиæгтимæ æртывæрæй æрцæуæнт!

ГАССИТЫ Моисей

Печать