Новости

Адæм уæ нæ ферох кæндзысты

IMG 2652Ирон адæмæй сæ хъæбатыртæ рох никуы уыдзысты. Кæддæриддæр сын цытимæ мысдзыстæм сæ нæмттæ. Уыдон канд Ирыстонæн нæ кад кодтой.

Ныр дæр та се 'сгуыхтдзинæдты кой хъуысы Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийæ. Бирæ хæрзиуджытæ дзы райстой нæ сæрæн лæппутæ. Æвдисынц лæгдзинад. Фæлæ дзы, хъыгагæн, удæгасæй йæ фыдыуæзæгмæ æрыздæхын бирæтæн нал бантыст. Уыдонимæ, Горæтгæрон районы Октябрыхъæуы 2-æм астæуккаг скъолайы чи ахуыр кодта, уыцы сагсур æхсæз лæппуйы дæр. Нæ бæстæйы сæрибардзинад хъахъхъæнгæйæ, нывондæн æрхастой сæ сæртæ. Æнусон кад сын!

Уыцы æхсæз лæппуйы уыдысты сержант Хъæцмæзты Артур (31-аздзыдæй фæмард Херсоны областы цур 2022 азы 24 февралы), Къæбулты Уырызмæг (1999 азы гуырд, рæнхъон, фæмард 2023 азы), кæстæр сержант Таухъазахты Мурат (знаджы амæттаг бацис 2023 азы 16 июны 27-аздзыдæй), кæстæр сержант Биазырты Батраз (1997 азы гуырд, 2022 азы тохы быдыры фæмард), рæнхъон штурмгæнæг Витали Илуридзе (фæмард 2023 азы), гвардийы сержант Хъæрджынты Тимур (фæмард 2022 азы 23-аздзыдæй).

Уæрæсейы Президенты бардзырдмæ гæсгæ се 'ппæт дæр хорзæхджын æрцыдысты Лæгдзинады ордентæй фæсмæрды.

Ныр дæр сын сæ рухс нæмттæ æрымысыдысты сæ уарзон скъолайы – ам сæ номыл байгом мемориалон фæйнæг сæ къамтимæ.

Номарæн мадзал райдыдта скъолайы актон залы. Ардæм æрбацыдысты хæстонты ныййарджытæ æмæ мадызæнæгтæ, бинонтæ, хиуæттæ, се ‘мкъласонтæ æмæ æмхæстонтæ, сæ ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ, æмбæлттæ, æрыгон гвардионтæ, æндæр адæм.

Ам уыдысты Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзанæгаты Гуля, администрацийы Ахуырады управленийы хицау Кокайты Белæ, Ахуырады управленийы сæйраг специалист Къæбысты Альбинæ, Октябрыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Пухаты Вячеслав, Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьянæ Днепровская, районы администрацийы фæсивæды, физикон культурæ æмæ спорты хъуыддæгты хайады сæйраг специалист Осиаты Давид, батальоны командир, майор Джиоты Лев, ротæйы командир, капитан Виктор Шалдим æмæ æндæр бæрнон адæм.

Экраныл æвдыстой æдзард хæстонты царды æмæ тохы фæндæгтæ, хъуыстысты æнкъард музыкæйы зæлтæ. Скъоладзаутæ сценæйæ дзырдтой ацы хъæбатырты царды хабæрттыл, хæсты быдыры цы сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, ууыл, сæ къамтæ æвдисгæйæ, кастысты хæсты темæйыл фыст æмдзæвгæтæ.

Æдзард хæстонты ныййарджыты номæй раныхас кодта ацы скъолайы ахуыргæнæг Елойты Розæ. Хъæбатырты тыххæй уыдысты сæ раныхæстæ Татьянæ Днепровскаяйæн, Дзанæгаты Гуляйæн, Джиоты Левæн, скъолайы директоры хæдивæг, мадзал бацæттæгæнæг Бататы Виолеттæйæн, Украинæйы хæсты архайæг Туаты Хетæджы мад Альбинæйæн æмæ æндæртæн.

 Иу уысм æнæдзургæйæ алæугæйæ ссардтой ацы лæппуты рухс нæмттæ.

Мадзалы архайджытæ цымыдисæй байхъуыстой, Туаты Хетæг Украинæйæ мадзалмæ цы ныхас рарвыста, уымæ.

Уый фæстæ адæм иууылдæр рацыдысты скъолайы фыццаг уæладзыджы тыргъмæ, æмæ уым Уæрæсейы, Ирыстоны Гимнтæ ацæгъдыны фæстæ байгом мемориалон обелиск цытджын æгъдауæй. Йæ байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд ацы æхсæз лæппуйы æмтохгæнджытæн.

Обелискыл сæвæрдтой дидинджытæ, ссыгътой цырæгътæ æмæ æрымысыдысты хъайтар лæппуты.

Рухсаг ут!

 ГАССИТЫ Моисей

Печать E-mail