Новости

Хæрзиуджытæ, æндæр фарстатæ

IMG 2671Дзæуджыхъæуы ацыд Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы Координацион советы президиумы æмбырд. Архайдтой дзы советы уæнгтæ.

Боны фæткмæ хаст æрцыдысты ахæм фарстатæ: "Фæсивæды патриотон æмæ удварнон-хæрзæгъдауыл хъомылады фæдыл Сылгоймæгты комитеты куысты тыххæй", "Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы Æхсæннацион ахастыты фæдыл комитет æмæ Горæтгæрон районы Ныхасы æмгуыстад æхсæннацион конфликтты профилактикæйы тыххæй", газет "Иры Стыр Ныхас" ацы азы дыккаг æмбисæн рафыссыны тыххæй".

Æмбырд райдыдтой хæрзиуджытæ дæттынæй. Кады грамотæтæй хорзæхгонд æрцыдысты амалиуæггæнæг Саулаты Алан, Рахизфарсы районы Ныхасы Сылгоймæгты комитеты сæрдар Тетаты Джульеттæ æмæ паддзахадон телеуынынады алæвæрдтæ амонæг Хъулаты Земфирæ.

Æмбырд амыдта Иры Стыр Ныхасы Координацион советы сæрдар Уататы Зелим. Боны фæткы фыццаг фарстайы фæдыл хыгъд радта Сылгоймæгты комитеты сæрдар Махъоты Иринæ, дыккаг фарстайы фæдыл хыгъдон докладгæнæг уыд Горæтгæрон районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери. Æртыккаг фарстайы фæдыл та информаци радта Уататы Зелим.

Æмбырды ма дзырд цыд æндæр фарстатыл дæр. Раныхас кодтой ацы æхсæнадон змæлды Мыггæгты комитеты сæрдар Æгкацаты Юри, Æгъдæутты комитеты сæрдар Моргуаты Эдислав, Кировы районы Ныхасы сæрдар Къубалты Солтан, Хистæрты комитеты сæрдар Томайты Шамил, Мæздæджы районы Ныхасы сæрдар Гуццаты Фридон æмæ æндæртæ.

Ууыл æмбырд йæ куыст фæцис.

ГАССИТЫ Моисей