Адæмæн уарзон уыд Шамил
Ирыстоны хъуыстгонд уыд номдзыд артист, зарæггæнæг, Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг Дзиццойты Шамил. Чидæриддæр æй зыдта, уыдон æй æрымысынц æхсызгонæй, уымæн æмæ адæмæн уарзон уыд, аргъ ын кодтой.
Фараст азы не 'хсæн нал ис, фæлæ уæлæуыл ныууагъта арф фæд, æмæ йæ ном цæрдзæн нæ зæрдæты.
Шамил райгуырдис Хуссар Ирыстоны, Дзауы районы, хæххон хъæу Урсдзуары зæхкусæг бинонты 'хсæн. Цардагурæг рацыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрбынат кодтой нæ районы Тарскæйы хъæуы. Ам фæцис каст астæуккаг скъола Шамил æмæ уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры студийы. Райста артисты дæсныйад. Театры режиссер Шамилы курдиатыл йæ цæст æрæвæрдта æмæ йæ айста артистты труппæмæ. Ахъазыд цалдæр ролы, стæй æрыздæхт фæстæмæ Тарскæмæ, кусын райдыдта Горæтгæрон районы Культурæйы хæдзары аивадон разамонæгæй. Уый фæстæ та сси йæ директор. Уыцы рæстæг Культурæйы хæдзар нымад æрцыд нæ республикæйы хуыздæрыл.
Уæд дзы режиссер уыд зынгæ адæмон артист Мæхъиты Лавер æмæ йе 'вæрд алы спектаклы дæр Шамилæн лæвæрдта сæйраг роль. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ ацы театрæн радтой адæмоны ном.
Уæдмæ арæзт æрцыд Октябрыхъæуы Культурæйы галуан, æмæ дзы Шамил кусын райдыдта сæйраг методистæй. Уыцы рæстæг сæ сæйраг хæс уыдис хæххон хъæутæм, быдыртæм, фермæтæм, хосгæрдæнтæм концерттæ ласын. Гом арвы бын судзгæ хур, къæвдатæ, станты уазæлттæ нæ нымайгæйæ Шамил æмæ йæ цардæмбал Уæлыгæсты Тамарæ се 'мкусджытимæ уыдысты кусæг адæмы уæлхъус, сæ зæрдæтæ сын рухс кодтой се сфæлдыстадæй. Шамил æмæ Тамарæ бирæ фæкуыстой уæхски-уæхск. Тамарæ абон дæр фæллой кæны Культурæйы галуаны, уыд йæ директор дæр, у Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг.
Шамил бирæ бафыдæбон кодта Тарскæйы хъæуы Культурæйы хæдзары. Йæ алыварс æрбамбырд кодта театр уарзаг фæлтæр кæстæрæйхистæрмæ. Куыст афтæ хорз сæвæрдта, æмæ, уæлдæр куыд загътон, афтæмæй йæ театралон къордæн цыбыр рæстæгмæ лæвæрд æрцыд адæмон театры ном. Йæ бирæазон цæсгомджын фæллойы тыххæй йын лæвæрд æрцыд алыхуызон хæрзиуджытæ. Ныффыстой йыл чиныг дæр, æмæ дзы ирдæй зыны Шамил æмæ Тамарæйы æвæллайгæ сфæлдыстадон куыст.
Дзиццойы-фырты уарзондзинад ирон æвзагмæ, йæ райгуырæн зæхмæ уыд æнæкæрон. Уыд Ирыстоны æцæг патриот. Хуссар Ир уа, Цæгат Ир – нæ сæ æвзæрста, хуыдта сæ йæ зынджы хай, йæ арт æмæ сыл мæт кодта.
1992 азы Хуссар Ирыстоныл зын рæстæг куы скодта, уæд дæр Шамил йæхи нæ бамбæхста, бирæ бафыдæбон кодта, равдыста йæ лæгдзинад.
Шамил уыд патриот, фыссæг, артист æмæ Адæймаг. Хорз лæджы фæстæ мæргътæ дæр тæхынц, йæ ном нæ сæфы. Нæу рох адæмæй Шамил дæр. Æмæ йæ цæрæнбон бирæ меценат, Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы сæрдар Лалыты Левæйæн. Уый йæхи хардзæй Шамилæн саразын кодта мемориалон къæй, æмæ йæ хуыцаубоны, 16 июны, байгом кодтой цытджын æгъдауæй йæ хæдзары къулыл Ирыхъæуы.
Ардæм æрбацыдысты Шамилы хиуæттæ æмæ мыггаг, сыхæгтæ, культурæйы къабазы кусджытæ, фæсивæд, раздæры æмкусджытæ, ирон фарнæн аргъгæнджытæ.
Мемориалон къæй гом кæныны цытæн нæ районы Культурæйы галуан Мæхъиты Хадизæты разамындæй бацæттæ кодта сæрмагонд мадзал. Амыдта йæ галуаны методист, зарæггæнæг Медойты Аслан.
Мадзалы Дзиццойты Шамилы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг, йæ æвидигæ курдиаты тыххæй раныхас кодтой Ирыхъæуы Ныхасы сæрдар Хъæцмæзты Юри, Горæтгæрон районы культурæйы хайады раздæры сæргълæууæг Алæгаты Кахарман, мемориалон къæй саразæг Лалыты Левæ, Мæхъиты Хадизæт, Горæтгæрон районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери, Уæлыгæсты Тамарæ, мыггаджы номæй – Дзиццойты Алан.
Мемориалон къæй байгом кодтой Хъæцмæзты Юри æмæ Лалыты Левæ. Адæм къæйыл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ æрымысыдысты Шамилы рухс ном.
Мадзалы хъуыстысты йæ репертуары зарджытæ æмæ интермедитæ.
ГАССИТЫ Моисей