Горæтгæроны районы кадджын цæрджытæ!

Абон нæ Ирыстон бæрæг кæны нæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Хетæджы Уастырджийы бон, æмæ уын уый фæдыл зæрдиаг арфæ кæнын!
Дунесфæлдисæджы фæндæй Куырттаты комы алæмæты æрдзы хъæбысы равзæрд табуйаг фæдзæхсæн бынат – Хетæджы Уастырджийы къох. Куыд иннæ хæттыты, афтæ та ныр дæр дзуары бынмæ æрбамбырд уыдзысты бирæ дзыллæтæ, сæ бинонтæ æмæ хиуæтты бафæдзæхсдзысты Хуыцау, Хетæджы Уастырджи æмæ иннæ сыгъдæг зæдтыл.
Фыдæй-фыртмæ Хетæджы Уастырджийы зонæм, нæ адæмы иудзинадыл хорзæрдæм чи ахады, фæрныгдæр фидæнмæ фæндагыл нын ныфс чи дæтты, ахæм æргом дзуарæй. Æмæ уæдæ Дунейы фарн зæгъæд, цæмæй нæ алкæйы зæрдæйы дæр уа ацы бæрæгбоныл рухс æнкъарæнтæ, сыгъдæг зæрдæ æмæ удвæллой бæркадимæ сæмбæлыны хъомыс.
Мæ зынаргъ æмзæххонтæ! Уе 'ппæты дæр Хетæджы Уастырджийы хорзæх уæд! Дзуар уын хæссæд æнæниздзинад, бæркад æмæ фарн!
Сæрмагонд æфсæддон операцийы та нæ хъæбатыр æмæ ныфсджын лæппутæй йе 'фсæддон хæс чи æххæст кæны, уыдонæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй тагъд рæстæджы уæлахизимæ сæрæгасæй сæ къонатыл куыд сæмбæлой. Нæмыгæй хызт ут, Хетæджы Уастырджийы фæдзæхст!
Дзуары бон Ирыстоныл афæдзæй-афæдзмæ рæсугъддæрæй куыд цæуа, ахæм амонд нæ уæд!
Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!
ГАГЛОЙТЫ Алан,
Горæтгæрон районы сæргълæууæг