Раззаг бынæттæ

Рагæй ис Тарскæйы хъæуы Культурæйы хæдзар. Ис дзы алыхуызон къордтæ, уыдонимæ адæмон театр дæр. Хæссы хъуыстгонд артист Дзиццойты Шамилы ном. Бирæ æнтыстдзинæдтæ ис ацы уагдонæн. Директор Джусойты Зоя æмæ аивадон разамонæг Кобылты Верæйы фæрцы алыхуызон æркастыты, фестивальты, конкурсты бацахсынц раззаг бынæттæ.
Адæмон театр бирæ спектакльтæ сæвæрдта йæ сывзæрдæй фæстæмæ, сæ фылдæр сты комедитæ. Фæстаг хатт та сценæйыл равдыстой Хæмыцаты Цæрайы комеди "Дыууæ усгуры", йæ режиссерæвæрæг – Къуындыхты Мурат.
Æрæджы Анапæйы уагъд цыд Æппæтадæмон театралон фестиваль "Берега надежды". Уырдæм фæхуыдтой тарскæйаг театр дæр, æмæ дзы равдыста "Дыууæ усгуры". Сæ рольтæ иттæг аив сæххæст кодтой Кобылты Верæ, Чихтисты Ян, Къозаты Дианæ, Кобылты Зæлинæ, Сабанты Хъазбег, Къуындыхты Мурат æмæ иннæтæ – æдæппæтæй авд архайæджы.
Бирæнымæцон театралон коллективты 'хсæн фестивалы жюри фыццаг бынат саккаг кодта Тарскæйы адæмон театрæн – ссис фыццаг къæпхæны лауреат, æмæ йын радтой Кады гæххæтт.
Ацы фестивалы ма уыд æндæр хицæн номинаци дæр – эстрадон. Æдæппæтæй дзы архайдтой 70 эстрадон коллективы. Ам та фыццаг бынат райста Тарскæйы Культурæйы хæдзары æвзонг вокалист Уалыты Анзор. Уый дæр ссис фыццаг къæпхæны лауреат. Уалыйы-фырт у Дзæуджыхъæуы аивæдты лицейы ахуыргæнинаг.
Тарскæйаг театр ма фыццаг бынæттæ бацахста Таганроджы, Анапæйы, Лазаревскæйы, Хъырымы, Сочийы, Мæскуыйы уагъд æркастыты æмæ конкурсты. Цыппар хатты та рамбылдта Гран-притæ. Уыдысты артисттæ Мæскуыйы дæр – уымы ирон диаспорæ сæ фæхуыдта.
Директор Джусойты Зоя мын афтæ зæгъы:
– Мæскуыйæ нæм ацы бонты æрæрвыстой сертификаттæ, цæмæй архайæм телеуынынады равдыст "Жар-птица"-йы. Нæхи йæм цæттæ кæнæм.
Бузныг зæгъын мæ фæнды Тарскæйы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Соттиты Эльбрус, амалиуæггæнджытæ Хъæстуаты Алан æмæ Æгайты Русланæн, зарæггæнæг Джелыты Оксанæйæн, Анапæйы фестивальмæ ацæуынмæ нын æхцайы фæрæзтæй кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй.
Тарскæйæгтæ кæй фесгуыхтысты, уый æхсызгон хабар у, æмæ сын нæ газеткæсджыты номæй арфæ кæнæм!
ГАССИТЫ Моисей