Банысангонд æмгъуыдты

Горæтгæрон районы хъæуты æмæ центры дæр фæстаг рæстæг рауæрæх сты фæндæгты æмæ тротуарты цалцæггæнæн куыстытæ. Иуæй-иу рæтты сæ æмбæрзынц асфальтæй.
Ахæм куыстытæ ныртæккæ æххæст кæнынц Октябрыхъæуы районы рынчындонæй "Россети Северный Кавказ" - "Севкавказэнерго"-йы филиалы цурмæ. Районы æхцайы фæрæзтæй ацы дæрддзæджы куыстытæ кæны æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад "Алани". Аразы тротуартæ. Ныртæккæ дзы æвæрынц поребриктæ (бордюрты хуызæн). Тротуартæ саразыны фæстæ та Октябрыхъæуы рынчындонæй нефтебазæйы онг фæндаг асфальтæй бамбæрздзысты.
Ацы куыстытæ æххæстгонд цæуынц "Æдас æмæ гъæдджын автомобилон фæндæгтæ"-йы нацпроектмæ гæсгæ. Аразджытæм ис фаг алыхуызон техникæ æмæ кусæгдых, арæзтадон æрмæджытæ. Æнæуаргæ боныхъæд дæр сын сæ къух аразы.
ГАССИТЫ Моисей