Новости

Сæ ном – æнусон, æнæмæлгæ

Газдановы

Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, драматург æмæ тæлмацгæнæг, Къостайы номыл паддзахадон литературон премийы лауреат Кокайты Тотрадз мын кæддæр дзырдта, зæгъгæ, цалдæр азы размæ ныффыста поэмæ Гæздæнты авд æдзард æфсымæры тыххæй, фæлæ йæ мыхуыры нæ рауагъта, уымæн æмæ ацы хæстон æфсымæртыл нæ зынгæ фыссæг Плиты Грис цы балладæ сфæлдыста, уый цур, дам, æй мæ цæсгом равдисын нæ хъæцы.

Зæрдиагæй йын бакастæн йæ поэмæ, æмæ, раст зæгъгæйæ, мæ зæрдæмæ фæцыд. Æмæ фæзынд мыхуыры. Чи сразæнгард кодта авторы йæ ныммыхуыр кæнынмæ, уыдонимæ уыдтæн æз дæр.

Хорз хъуыддаг бакодта Кокайыфырт, йæ поэмæимæ адæмы кæй базонгæ кодта, уымæй. Иннæ хорздзинад та уый сарæзта, æмæ Дзуарыхъæуы цæрæг Гæздæнты авд æфсымæрыл ныффыста драмон уацмыс "Гæздæнтæ". Лæмбынæг дзы дзырд цæуы æфсымæрты цардвæндаг æмæ хæстон хабæрттыл.

Нæ республикæйы уагъд егъау театралон фыццаг фестиваль "Вахтангов. Путь домой"-ы фæлгæты ацы спектакль æвдыст æрцыд Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры сценæйыл. Режиссер-æвæрæг у Уалыты Гиви.

Бирæ адæм æрбацыд йæ фенынмæ ирон театрмæ æмæ цымыдисæй кастысты, Стыр Фыдыбæстæйы хæсты рæстæг Гæздæнты авд æфсымæры цы хъæбатырдзинад равдыстой, иу дæр сæ тохы быдырæй йæ райгуырæн Дзуарыхъæумæ куыд нал сыздæхт, стæй сæ мад Уаниты Тасо цы зындзинæдтæ бавзæрста, уымæ.

Ирыстоны нæй ахæм бинонтæ, Гæздæнты æфсымæрты трагикон хъуыддаг чи нæ фехъуыста. Уыдон сæ цард нывондæн æрхастой райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.

Спектаклы артистты аив æмæ арæхстджын хъазт, декорацитæ, музыкæ – æппæтæй дæр уыдысты нысанмæздæхт, нæ цæстытыл нын ауайын кодтой æлгъаг хæст.

Мад Тасойы фæлгонц иттæг аив сæххæст кодта актрисæ Гæбуты Жаннæ. Уымæн, стæй артистты къордæн, спектакль сæвæрджытæн бузныг загъта Гæздæнты æфсымæртæй иуы чызг Дойаты Мирæ.

Уый фæстæ Мæскуыйы Вахтанговы номыл Театры директор Кирилл Крок театры коллективæн балæвар кодта фестивалы статуэткæ.

Цæрдзысты Гæздæнты авд æфсымæры нæмттæ, никуы сæ ферох кæндзысты адæм, Дзуарыхъæуы фæндаджы былыл сæ цыртдзæвæны цурмæ фæндаггонтæ, æндæр адæм куыд бацæуынц æмæ сын дидинджытимæ рухс куыд фæзæгъынц, афтæ уыдзæн æнусты дæргъы!

ГАССИТЫ Моисей

Печать