Фондзбонон хæст

2008 азы 8-æм августы Гуырдзыстоны уæды националисттæ æмæ Саакашвилийы сæркъуыртæ æнæнхъæлæджы мæнгардæй æрбабырстой æд алыхуызон техникæ Хуссар Ирыстонмæ, æмæ райдыдта фондзбонон хæст æхсæвыгон.
1991 азы ма Гамсахурдиайы æфсæдтæ, æнæформалтæ æнæпырхæй цы ныууагътой Хуссар Ирыстоны, уыдон Саакашвилийы "уаритæ" ныппырх кодтой фондз боны дæргъы: сæрмагонд хæдзæрттæ, цæрæн корпустæ, ахуыргæнæндæттæ, æхсæнадон агъуыстытæ, базарадон объекттæ, культурæйы артдзæстытæ – иу дзырдæй, цæмæдæриддæр æххæссыдысты, уыдон. Æрцыд тугкалд, фæмард та сты нæ ирон хæцæг лæппутæ æмæ сабыр цæрæг æнæхин фæллойгæнджытæ. Саутæ та скодтой ныййарджытæ, Цхинвалы уынгтæ та сырх адардтой.
Æрбабырсæг знаг пайда кодта, хæцыны бар кæмæй нæй, ахæм æхсæнгæрзтæй, суанг ма æркалдта бомбæтæ дæр. Æрцыдис уæззау фыдбылыз, зынуромæн йæ рис.
Сарæх сты лигъдæттæ, Зары æфцæгыл сæ фæндаг дардтой Цæгат Ирыстонмæ, Уæрæсейы иннæ регионтæм. Сæ фылдæр æрбынат кодтой Горæтгæрон районы.
Фондз боны дæргъы цыд тугкалæн хæст Хуссар Ирыстоны. Цас ахастаид, уый ничи зоны, фæлæ нæ хæцæг лæппутæм æххуысмæ фæзынд Уæрæсейы æфсад æд техникæ, æмæ знаджы фæсырдтой, смидæг æй кодтой йæ лæгæты. Састы бынаты баззадысты гуырдзыстойнаг экстремисттæ æмæ сæхимæ ныссус сты. Базыдтой, тыхæй архайæн кæй нæй, уый, фæлæ сын байрæджы.
Стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой уæд нæ хъæбатыр лæппутæ, æнауæрдонæй тох кодтой знаджы ныхмæ. Сæрæндзинад æвдыста Уæрæсейы æфсады хæцæг фæсивæд дæр. Суанг ма Денис Ветчиновæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъæбатыры ном. Уый хæсты фæмард 2008 азы 9-æм августы Цхинвалмæ æрбахизæны Герцены уынджы.
Уыцы бынаты йын сæвæрдтой цырт. Уыцы хæсты Ирыстонæй фæмард 1000 адæймаджы, 34 мин та уыдысты лигъдæттæ. Цæрæн фонды 60% пырхгонд æрцыд. Æрмæст Цхинвалы ныппырх æмæ басыгъдæуыд 670 хæдзары. Уæды рæстæджы æхцайы бæрцмæ гæсгæ хæсты ракæнгæ зианы аргъ уыд 25 миллиард сомы.
Уæрæсейы æфсæддонтæй фæмард 50, уыцы нымæцы 12 фидауынгæнæджы. Æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны нымæц уыд 19, цæфтæ та фесты 171 уæрæсейаг æфсæддоны.
Уæрæсейы æфсæддонтæй Хъæбатыры ном радтой фондз адæймагæн.
Уыцы аз фæстæдæр, 26 августы, Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, стæй та æндæр паддзахадтæ.
Абон Уæрæсейы фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад. Цард дзы бонæй-бонмæ æндидзы, æппæт йæ адæм ныр цæрынц сабыр уавæрты. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн фыст æрцыд цалдæр бадзырды, æмæ уымæ гæсгæ фидардæр кæны йæ экономикон уавæр алывæрсонæй, æххæстгонд цæуынц инвестицион программæтæ. Æхцайæ æххуыс дæр исы Хуссар Ирыстон, æмæ рæсугъддæр, цардхъомдæр кæнынц куыд Цхинвал, афтæ районтæ дæр. Цæуы дзы бирæ арæзтæдтæ, фылдæр кæнынц куыстмыздтæ, пенситæ, æндæр æххуыс.
Дæ фидæн рæсугъддæр уæд, Хуссар Ир!
Гасситы Моисей