Новости

Сæ нæмттæ – æнусон  

72a6dd89 8cb5 4c7d 997a 70154057dc0a

Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты 2008 азы августы фондз боны хæст. Цыфыддæр Саакашвили йæ æнæформалтимæ æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ, æмæ æрцыд тугкалд, бабын сты æнаххос адæм. Цалынмæ Уæрæсейы æфсæддонтæ æххуысмæ ацыдысты Цхинвалмæ, уæдмæ хæстæн йæ кæрон нæ зынд. Æрбабырсæг лæгмарджыты фæсырдтой ирон хæцæг лæппутæ æмæ уæрæсейаг æфсад. Ссæрибар Хуссар Ирыстон, кæд фыдбылызтæ бирæ бавзæрста, уæддæр.

Уæдæй рацыд 16 азы æмæ та, иннæ хæттытау, ныр дæр Цхинвал æмæ районты ацыдысты номарæн мадзæлттæ.

Æртыццæджы, 7 августы, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры сценæмæкæсджытæн равдыстой трагеди "Фæстаг æвдисæн". Уыцы бон ма изæрæй 10 сахатыл Цхинвалы, мемориалон комплекс "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн"-ы цур ацыд фыдохы акци, адæм дзы сæвæрдтой дидинджытæ, байгом фоторавдыст. 8-æм августы дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой, Цхинвал знæгтæй бахъахъхъæнджытæ кæм фæмард сты, уыцы бынæтты.

Уыцы бон сихорæй равдыстой киноныв "Хæхтæ – æвдисæнтæ", дзырд дзы цæуы ирæтты 1920–2008 азты геноцидыл. 8-æм августы та республикæйы аргъуанты конд æрцыдысты номарæн мадзæлттæ августы хæсты амæттæгтæн.

Хуссар Ирыстоны районты ахæм мадзæлттæ уыдысты 7, 8, 9 августы.

Хъыггæнæн æмæ мысæн бонты Дзауы районы Итраписы хъæуы цытджын æгъдауæй байгом тæхæг – хъазутæй бырсæг Владимир Едаменкойы цыртдзæвæн. Уый хъайтаронæй фæмард ацы бынаты, гуырдзыстойнаг хæдтæхджытæ æппаргæйæ. Уый фæстæ йын лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъæбатыры кадджын ном.

Мадзалы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан.

Цхинвалмæ мысæн бонмæ ацыд делегаци Цæгат Ирыстонæй дæр. Ахæм мадзæлттæ ма уыд Мæскуы, Санкт-Петербург, Дзæуджыхъæу æмæ регионты.

Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы уæззау цауты чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ æрымысыдысты Горæтгæрон районы дæр.

Октябрыхъæуы Культурæйы галуан æмæ змæлд "Движение первых" цы мадзал бæцæттæ кодтой, уый уагъд цыд галуаны сценæйыл. Ам ссыгътой номарæн цырæгътæ, æмæ дзы рауад ахæм фыст: "08.08.08. Помним. Скорбим".

Ардæм цы адæм æрбамбырд, уыдон, иу уысм æнæсыбырттæй алæугæйæ, сæ рухс нæмттæ ссардтой уыцы хæсты байсæфджытæн. 2008 азы августы хæст Хуссар Ирыстонæн цы фыдбылызтæ æрхаста, чи хæцыд хъæбатырæй æмæ уыцы бонты чи фæмард, уыдоны тыххæй, стæй сабырадыл радзырдтой районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери, райадминистрацийы Культурæйы управленийы хицау Табуты Георги æмæ æндæртæ.

Мадзалы архайджытæ байхъуыстой, номдзыд актрисæ æмæ поэт, дзæнæтыбадинаг Галуанты Людмилæ уыцы уæззау бонты тыххæй кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæмæ. Кастис æй автор.

Цæр сæрибарæй, хæдбарæй, Хуссар Ир!

ГАССИТЫ Моисей

Печать