Новости

Афоныл уыдзысты цæттæ

Горæтгæрон районы алыхуызон куыстытæ æххæстгонд цæуынц федералон нацпроекттæм гæсгæ.

IMG 2849

Уыдонæй иу у районы рынчындонæй "Россети Северный Кавказ" – "Севкавказэнерго"-йы филиалы цурмæ трассæ асфальтæй бамбæрзын. Аразджытæ дзы ныр кусынц иу мæйæ фылдæр. Ацы дæрддзæджы фæндагыл асфальт сæвæрдтой дыууæ фæлтæрæй, æмæ рæсугъд рафидыдта.

Ног асфальтвæндагæн йæ галиуварс та цалцæг кæнынц тротуар: æвæрынц дзы поребриктæ æмæ йæ асфальтæй æмбæрзынц.

Ацы куыстытæ аразы æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад "Алани" нацпроект "Æдас æмæ гъæдджын автомобилон фæндæгтæ"-мæ гæсгæ.

Кусджытæн фаг кæны хомаг, техникæ. Хорз боныхъæд дæр сын сæ къух аразы.

Парк

Бæрæг куыд у, афтæмæй Горæтгæрон районы администрацийы бæстыхайы раз, стæй йæ цуры парк æмæ посты хайады цур фæндаг федералон проектмæ гæсгæ кæнынц цалцæг. Ныртæккæ дзы куыстытæ æххæстгонд цæуынц.

Парчы ис егъау бæлæстæ, стæй райадминистрацийы бæстыхайы цур дæр, æмæ сæ къалиутæ бахус сты, хъыгдарынц аразджыты. Уымæ гæсгæ районы унитарон куыстуат "Коммунресурстæ"-йы кусджытæ ралыг кодтой уыцы дæрдтыл тыгъд хус къалиутæ æмæ сæ сæхи автомашинæйыл аластой.

Ныр ам фенцондæр уыдзæн кусынæн, улæфынæн дæр.

Коммуналон хæдзарад ма ацы бынаты сæххæст кодта æндæр куыстытæ дæр.

ГАССИТЫ Моисей

Печать