Мæрдтæй худинаг у
Раст зæгъгæйæ, ацы уац фыссынмæ нæ хъавыдтæн, стæй мæ фæндгæ дæр тынг нæ кодта. Цæмæн, уый зын бамбæрæн нæу. Кæй фæнды ахæм хъуыддæгты тыххæй йæ къухмæ фыссæнгарз райсын? Фæлæ уæддæр аскъуыддзаг кодтон: цæй, иронау æй ныффыссон.
Махмæ цыма худинаг ницыуал кæсы, афтæ зыны. Нæ фæсивæдæй бирæтæ мæт никæуыл, ницæуыл уал кæнынц, нæ кадджын æгъдæутты сæрты ахызтысты æмæ ферох кодтой ирон æфсарм, худинагæй дæр нал тæрсынц. Куыдфæнды, цыфæнды уæд – ахæм у сæ хъуыды. Æмæ раст не сты.
Кæй зæрдæ нæ ныккæрзы, Дзæуджыхъæуы Карцайы трассæйыл куы фæцæйцæуæм æмæ Скæсæйнаг уæлмæрдтæм куы бакæсæм, уæд! Тырысатæ фæйлауынц, цыма нæ тохгæнæг лæппутæ зæххы бын змæлынц, уыйау. Хъæр кæнынц мæрдты бæстæй: уæлахиз мах уыдзæн, нæ сæртæ дзæгъæлы нæ радтам Фыдыбæстæйы сæрвæлтау. Ма нæ рох кæнут!
Загътон ма йæ: зын у уыцы уæлмæрдтæм бакæсын. Æмæ дзы чи æнцойад кæны, уыдоны ныййарджытæн, мадызæнæгтæн, бинонтæн, кæстæртæн, æввахс хиуæттæн та бирæ хатт зындæр у. Зæрдæ риссы уыцы хæцæг лæппуты тæригъæдæй, адæм сыл маст кæнынц.
Фæлæ… Фæлæ ис ахæм æнæрхъуыдытæ дæр, æмæ сæ фæсонæрхæджы дæр кæмæн нæй, ам ныгæд чи сты, уыдон, уæлдæйдæр та фæсивæдæй. Уыдон сты æнæрхъуыды, æнæхъомыл, цард куыдфæнды уæд – уæлдай сын нæу.
Æрæджы уыдтæн ацы уæлмæрдты цур, фæндаггæрон æнхъæлмæ кастæн маршруткæмæ. Цыдтæн горæтмæ. Æмæ дын уæлæ æртæхы иу сырх-сырхид зынаргъ рог хæдтулгæ, цæст ыл нæ хæцы. Йæ хуылфæй фæсарæйнаг музыкæйы зæлтæ афтæ хъустысты, æмæ мæ рæзты куы ацъыввытт кодта, уæддæр ма сæдæ метры дæрддзæгæй мæ хъустæ арыдтой.
Ацы автомашинæйы бадтысты æртæ лæппуйы. Ау, се 'ртæ дæр афтæ æнæрхъуыды разындысты, æмæ уæлмæрдты цур сæ музыкæ ахицæн кæной, уый зонд сæм не 'рцыд? Стæй цы æнæмæнгхъæугæ у хъæрæй ахæм музыкæимæ цæуын? Нæ мæрдтæй дæр нал æфсæрмы кæнæм? Афтæ иунæг хатт куы уаид, уæд æй ныббыхсиккам, фæлæ, хъыгагæн, вæййы бирæ хæттыты.
Уый дын иу мæстаг дзуринаг, фæлæ, фыдæнæнгæнæгау, иннæмæн дæр æвдисæн фæдæн дыууæ къуырийы фæстæ. Æмæ, дам, ма ныффысс!
Арæх бацæуын Камбилеевкæйы хъæуы райдианы посты хайадмæ. Куыд зонæм, афтæмæй ацы бынаты та ныгæд сты, мæхъæлы æрбабырсты рæстæг йæ цард чи рауæлдай кодта, нæ уыцы хæцæг, рухсаггаг лæппутæ. Уæлмæрдты тæккæ фарсмæ цы рог автомашинæтæ урæд уыд, уыдонæй сæ иуы рудзгуытæ уыдысты гом, афтæмæй та ам дæр музыкæ цæгъды! Хæдтулгæйы ничи бадт, фæлæ уыцы музыкæ цагъта æмæ цагъта, суанг посты хайадæй куы раздæхтæн, уæд дæр. Ауылты цы сылгоймæгтæ фæцæйцыд, уыдонæй иу йæ къухтæ кæрæдзийыл ныццагъта æмæ афтæ: "Адæймаг ма куы ацæра, уæд цы нæ диссæгтæ фендзæн! Ныр ацы машинæйы скъæрæгæн зæрдæ ис? Цы митæ кæны? Цы хæдзарæй цæуы? Æфсарм нал ис, æфсарм".
О, нал ис æфсарм кæмæдæрты, уый та мæ ныр æртыккаг хатт бауырныдта. Зæгъон та уый дæр.
Нæ районы иу хъæуы уæлмæрдты уыдтæн. Фалдæр иу ингæны цур бадтысты æртæ нæлгоймаджы æмæ иу сылгоймаг. Сæ хъæлдзæг ныхас хъуыст, сылгоймагæн – йæ худын. Бæрæг уыд, кæй басыкъадзæф сты, уый.
Цасдæр рæстæджы фæстæ сыстадысты æмæ нæ цурты рацæуынц. Сæ къухты бел, уисой, къæпи æмæ дзæкъултæ. Нæлгоймæгтæй иу цыма йæхимæ тынгдæр фæкаст Чермены цæссыгæй, йæ цыдтытыл бæрæг уыд. Уым, уæлмæрдты кæимæ уыдтæн, уыдонæй сæ иуæн зонгæ разынд, чи рацæйцыд, уыцы нæлгоймæгтæй иу. Салам радтой кæрæдзийæн æмæ аныхас кодтой:
– Мæнæ нæ нанайæн йæ ингæн сыгъдæг кодтам. Куадзæн æрбалæууы, æмæ нæ хæс йæ разы сæххæст кодтам.
Ацы нæлгоймаг расыг, нозтджын нæ уыд – куыд бамбæрстон, афтæмæй рулыл уый бадт.
О, фæлæ сæ хæс хорз сæххæст кодтой. Ингæны фарсмæ нынцъух, цуттытæгæнгæ цу, сзарынмæ дæ бирæ мауал хъæуæд, æмæ, дам, нæ хæс ахицæн кодтам…
Цас худинаджы митæ кæнæм, æмæ сын кæрон кæд æрцæудзæн? Кæм ис нæ ирон æфсарм, уæздандзинад?
ГАССИТЫ Моисей