Зындгонд географы номыл
Рухсыбадинаг хъуыстгонд географ, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ахуыргæнæг, Уæрæсейы зонæдты сгуыхт архайæг, географион зонæдты доктор Беруаты Барис арф фæд ныууагъта Уæрæсейы æмæ фæсарæнты географион зонады. Йæ бавæрд æнæкæрон бирæ у.
Йæ кадæн Уырыссаг географион æхсæнады регионалон хайады уæнгтæ, стæй 2001 азы амынд ахуыргæнæндоны географийы факультеты рауагъдонтæ Географийы боны агъоммæ Горæтгæрон районы Джимарайы рагъы 3596 метры бæрзæндæн хохы цъуыпмæ схызтысты, уыдон сты Беруаты Барисы раздæры студенттæ.

Раздæр азты Джимарайы рагъы æнæном хæхтæй иуæн радтой Барисы ном. Ныр йе студенттæ æрымысыдысты сæ уарзон ахуыргæнæджы рухс ном. Уыдон ма хохы цъуппыл æрсагътой Уырыссаг географион æхсæнады тырыса.
Не стыр адæймæгтæн кæддæриддæр аргъ кæнын хъæуы. Æмæ бузныг ацы бæлццæттæн сæ ахæм æрхъуыдыйы тыххæй.
ПИСИТЫ Моисей