Новости

Æхсызгон фембæлд

Йæ фæрныг фæндагыл ацыд ивгъуыд дугмæ 2023–2024 ахуыры аз. Бартæ рæхджы йæ къухтæм райсдзæн ног ахуыры аз. Уый вазыгджын хæстæ ратдзæн скъолайы ахуыргæнджытæн æмæ ахуырдзаутæн.

19939620 6f3c 462d 9a68 b598e46bb221

Уыдоны нымæцы ис Комгæроны астæуккаг скъола дæр. Куыд журналист, афтæ арæх вæййын ацы скъолайы арæзт мадзæлтты æмæ зонын йæ кусджыты ахадгæ куыст. Сæ сæйрагдæр хæс у скъоладзауты патриотон хъомылад: райгуырæн хъæу æнæкæрон уарзтæй уарзын, адæмы рæгъмæ цы скъолайы фæрцы рацыдтæ, уыцы зонды аргъуанæн аргъ кæнын.

Ацы скъолайы ивгъуыд азы цы мадзæлттæ уагъд æрцыд, уыдонæй ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзауты зæрдæты æппæты мидисджындæр æмæ арфдæр фæд ныууагъта скъолайы фæстаг дзæнгæрæг. Уæлдай æхсызгон уыд, ахуыргæнæндоны кæрты 1989 азы рауагъдонтæ кæй фæзындысты, уый. Ахуыргæнджытæ æмæ ацы рауагъдонтæ сæ цины цæссыгтæ нæ баурæдтой. Сæ зæрдæты фæзынд æнæкæрон хъарм æнкъарæнтæ, дидинджыты нымæцæн кæрон дæр нал уыд. Ахуыргæнджыты номæй кæддæры рауагъдонтæн бузныджы ныхæстæ загъта скъолайы директор Тотраты Анжелæ. Зæрдæбынæй сын арфæ ракодта се 'рхъуыдыдзинады тыххæй æмæ сын бамбарын кодта, сывæллон авдæнæй куы рахизы, уæд фыццаг хатт йæ къахы фæд цы зæххыл баззайы, уый кæй у йæ фыдызæхх, йæ райгуырæн бæстæ.

– Сымах – нæлгоймагæй, сылгоймагæй – равдыстат стыр æрхъуыдыдзинад. Уæ абоны æрбацыд Комгæронмæ дзурæг у ууыл, æмæ зæрдæйæ, тугæй дæр кæй стут нæ хъæуккæгтæ. Нæ цин нын фæфылдæр кодтат, нæ куысты та нæм фæзынд æхцондзинад. Уæ дарддæры цардвæндагыл абон ссыгътат ног хуры тын, уый хъарм кæндзæн уæ ахуыргæнджыты æмæ комгæройнæгты. Уæ кæддæры къласы ахуырдзаутæй Джиоты Аленæ æмæ Уалыты Жаннæ сты хъуыстгонд ахуыргæнджытæ нæ районы æмæ зонынц, цас тыхтæ æмæ хъарутæ домы ацы куыст адæймагæй, – загъта директор.

Йæ раныхасæн ын уазджытæ стыр аргъ скодтой. Уыдон бамбæрстой, сæ уарзон ахуыргæнджытæ кæй бæллынц æрмæстдæр сæ хорз хабæрттæм, сæ дарддæры цардвæндаджы хорздзинæдтæм.

Рауагъдонты номæй арфæ ракодта Тотраты Тимур. Æрымысыд сæ фыццаг ахуыргæнæг, дзæнæттаг Дриаты Фатимæйы, бузныджы ныхæстæ загъта, æхсæз азы сæ къласгæс чи уыд, уыцы кадджын ахуыргæнæг Цоциаты-Биазырты Еленæйæн. Сæ уарзон ахуыргæнæг сын цы æмдзæвгæ ныффыста, уым дзырд цæуы, ацы скъола æмæ йæ рауагъдонты иудзинадыл, патриотон хъомыладыл (мыхуыр æй кæнæм).

Уый фæстæ 1989 азы рауагъдонтæ иумæ бацыдысты, 10-æм къласы кæм ахуыр кодтой, уыцы историйы кабинетмæ æмæ дзы алчидæр бынат æрцахста, кæддæр цы партæйыл бадт, уым. Сæ фæлмæн армытъæпæнтæй рæвдаугæ, хъавгæ сæрфтой партæтæ, цыма сын афтæ зæгъынмæ хъавыдысты: "Мах дæр ам стæм, хъуыды ма нæ кæнут?"

Райгуырæн къуым, фыдыуæзæг уарзон æмбæлтты, зондамонджыты ма рох кæнын – ахæм уыд ацы фембæлды сæйраг нысан. Æмæ уый та у патриотизм, фыдæлты фарн бахъахъхъæнын.

ГАССИТЫ Моисей

Печать E-mail