Новости

Годо æмæ йæ насы хабар

Гыбасты Годо мæ хæстæг у. Сыхаг хъæуы цæры. Хъаст ницæмæй кæны. Йæ зæххы хай дæр дæрдтыл у, бакусы йæ, æрзайын кæны алыхуызон культурæтæ, халсартæ, йæ дыргъдон æрвылаз дæр вæййы зад. Ивгъуыд аз дæр цыппар тоннæйы фæткъуы ауæй кодта, иу тоннæ æмæ æрдæг та – кæрдо. Хæрзад сæн саразы йæ сæнæфсирæй дæр. Иу дзырдæй, куыстуарзаг у.

Фæлæ… Фæлæ сæ уасæг дæр айк æфтауы. Афтæ фæнды Годойы. Йæ мадæл кæрчытæ та бон дыууæ хатты æфтауынц. О, афтæ фæнды Годойы, æмæ цы… Сæ хъуг дæр иу дыгъдæн дыууын литры кæны. Годо афтæ загъта.

Раст зæгъгæйæ, фарон йæ фæткъуы бæлæстыл цыппар тоннæйы не 'рзад, фæлæ æртæ. Кæрдотæ дæр æрдæг тоннæ цух уыдысты. Сæнæфсирæй дæр иу тоннæ сæн нæ сарæзта, фæлæ авдсæдæ литры! Уый нæ, фæлæ ма се 'ртæ уасæгæй иу дæр не 'фтауы, мадæл кæрчытæ дæр иугай æйчытæ æфтауынц, уымæй дæр сæ иутæ æрвылбон нæ. Æмæ ма бирæ цыдæртæ…

О, фæлæ афтæ фæнды Гыбасты Годойы! Афтæ дзуры – æмæ дзурæд. Искæмæй исты сайы? Никæмæй – ницы. Гæды ныхæстæ кæны – æмæ кæнæд. Ахæм у йæ зондахаст.

О, хæдæгай, фæцæй мæ рох кодта… Се 'нгузыл та тæрсы гагатæ дæр æрзад, æндæраз сæ джитъритæй иу дыууæ метрмæ ‘ввахс уыд дæргъмæ. Йæ ус дзы тæрсгæ дæр фæкодта изæрыгон, калм æй фенхъæлдта.

О, афтæ дзуры Годо. Æмæ дзурæд. Хъауджы йын нæу, искæй уырнынц йæ ныхæстæ æви нæ. Фæлæ, цымæ, йæхи дæр уырнын райдайынц… Æмæ баныфсджын вæййы, йæ цæсгомыл мидбылхудт ахъазы. Цæст хин ныкъуылд æркæны. Ахæм у Годо! Æппæлын – йæ низы хай. Æндæр æм низ ма уæд. Кусаг лæг у, æмæ бирæ фæцæрæд. Ныр йæ гæды ныхæсты тыххæй хъæрзгæ хъуамæ кæна!

Сахуыр ыл сты сыхæгтæ, хиуæттæ, зонгæтæ æмæ тынг нал хъусынц йе ‘ппæлдтытæм: уадз, æмæ дзура, æцæгдзинад нæхæдæг зонæм.

Гъе, рухсаг уæнт, рухсаг, нæ фыдæлтæ! Куыд зондджын уыдысты. Мæнгæй-иу нæ дзырдтой: лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст сты, зæгъгæ. Годойæ ницы ныууагъта йæ ус Гуыппырон дæр. Сæ ныхас кæрæдзийыл бады.

Ус æй æддæмæ не 'вдисы, йæ лæджы хуызæн æппæлой кæй у, уый. Фæлæ йын кæддæрты фæхъæр вæййы. Цы басусæг кæндзынæ!

Уый хыгъд ус æмæ лæг хæдзары аныхæстæ кæнынц. Афтæ уыд æрæджы дæр:

Годо: – Фарон нæ пъамидортæй зымæгмæ цал банкæйы сæхгæдтам?

Гуыппырон: – Цыппарыссæдз.

Годо: – Кæд фондз æмæ æртиссæдз…

Гуыппырон: – Нæ, цыппарыссæдз уыдысты.

Годо: – Омæ фæуæд афтæ дæр, æгайтма фылдæр уыдысты.

Гуыппырон: – Нæ чысыл хур Габос кæцы къласмæ цæуы?

Годо: – Цыппæрæммæ.

Гуыппырон: – Кæд æртыккагмæ?

Годо: – Цæй, афтæ дæр уæд…

Сæ дыууæ дæр зыдтой, сæ кæрæдзи кæй сайынц, уый. Фæлæ сын æхсызгон уыд, æгайтма æппæлынц. Æндæр æй куыд нæ зонынц, сæ лæппуйы лæппу Габос æртыккаг къласмæ кæй цæуы, уый, стæй фарон цыппарыссæдз банкæйы пъамидор кæй нæ сæхгæдтой, фæлæ фондз æмæ æртиссæдз.

Фарон сæм фæззæджы куы фæуазæг дæн, уæд мæ Годо мидæмæ бакодта. Кæрты мын зæгъы:

– Уацхæссæг дæ, æмæ кæд дæ къамисæн дæхимæ ис, уæд ма мын мæ насы къам сис. Дæрдтыл æрзад, ныззылд. Фондз æмæ ссæдз килæйы уыдзæн. Газеты йæ рауадз.

Цæхæрадонмæ бахызтыстæм. Иууыл стырдæр нас мын равдыста. Раст зæгъгæйæ, фынддæс килæйæ фылдæр нæ уыд. Æргом загътон Годойæн, йæ уæз æндæр кæй нæу, уый. Уый нæ разы кодта, сбыцæу стæм. Æмæ уæд хæдзармæ ацыд барæн хæссынмæ, дæс æмæ ссæдз килæ, дам, бары. Рахаста йæ, æмæ насы цур æрлæууыдыстæм. Годо насы хæцæныл уæззаугай схæцыд... æмæ йæ рогæй фелвæста. Бынæй разынд хуынкъ – уырытæ æви мыстытæ сæ сусæг куыст бакодтой, æрмæст ма дзы йæ цъар аззад.

Де 'знаг Годомæ куы бакастаид. Æз уайтагъд цæуыныл фæдæн. Мæ фæстæ ма йæ хъæрæй ныхас райхъуыст:

– Дæс æмæ ссæдз килæйы æнæмæнг уыдаид!

ГАССИТЫ Моисей

Печать