Зынгæ футболисты номыл
Спортуарзджыты хистæр фæлтæрæн зонгæ у хъуыстгонд футболист, Тбилисы "Динамо" æмæ ССР Цæдисы æмбырдгонды хъахъхъæнæг, 1964 азы Тбилисы "Динамо"- йы сконды ССР Цæдисы чемпион, 1967 азы ССР Цæдисы чемпионаты бронзæйы призер Цхуырбаты Гурамы ном.

Гурам райгуырдис 1938 азы Хуссар Ирыстоны горæт Цхинвалы (Чъребайы). Каст фæцис Абхазы паддзахадон университет. Футболæй хъазын райдыдта Цхинвалы "Спартак"-ы. Уый фæстæ йæ фæхуыдтой Кутаисы "Торпедо"-мæ, уырдыгæй та йæ аивтой Тбилисы "Динамо"-мæ.
Цхуырбайы-фырт фæзиан 1998 азы.
Йæ ном сæнусон кæныны тыххæй Дзæуджыхъæуы спортивон скъола "Юность"-ы уыд дунеон турнир футболæй. Уый цыд æртæ боны. Уæлахиз рамбулыныл архайдтой Цæгат Ирыстон, Краснодары край, Хуссар Ирыстон, Волгоград æмæ Уæрæсейы æндæр регионты командæтæ.
Ерысты сызгъæрин майдан рамбылдта футболы академи "Краснодар", дыккаг бынат бацахста Волгограды Леонид Слуцкийы номыл футболон скъола, бронзæ майдан та райста Цхивалы "Спартак".
Хорзæхтæ дæттыны церемонийы уыдысты спорты ветерантæ, официалон гоймæгтæ.
Турнир саразынæн финансон æххуыс бакодта зындгонд меценат Цхуырбаты Инал.
ГАССИТЫ Моисей