Новости

Дзауы турнир

омонИвгъуыд хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны Дзауы районы цыдысты ерыстæ хъæбысæйхæст самбойæ СССР спорты мастер Хуссар Ирыстоны ОМОН-ы командир Сиукъаты Таймуразы номыл.

Ерысты архайдтой 120-æй фылдæр спортсмены, куыд Хуссарæй, афтæ Цæгатæй дæр.

Горæтгæрон районæй сæ хъару æмæ арæхстдзинад æвдыстой фыццæгæм спортивон скъолайы (йæ директор Æгкацаты Таймураз) хъомылгæнинæгтæ Сунжæйы хъæуæй.

29 кг уæзы кæронбæттæн хъæбысхæсты фембæлдысты иу командæйы уæнгтæ Гобозты Вадим æмæ Гæбæраты Тамерлан. Вадимы къухты бафтыд уæлахиз, Тамерлан сси дыккаг.

38 кг уæзы Гæбæраты Сергейы ныхмæ никæй бон уыд фæлæууын. Цыппар хæсты ракодта æмæ иу æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл.

Финалы дæр ницы ныфс радта Дзæуджыхъæуккаг ныхмæлæууæгæн æмæ бацахста фыццаг бынат. Сызгъæрин майданæй фæстæмæ Сергейæн лæвæрд æрцыд сæрмагонд приз хуыздæр техникæ кæй равдыста, уый тыххæй.

Æнтыстджын самбойæ хæст равдыста Джыгкайты Сæрмæт дæр. 53 кг уæзы йе 'ппæт ныхмæлæуджытыл дæр фæуæлахиз æмæ сси турниры чемпион.

60 кг уæзы фыццаг хатт гауызмæ рацыд Багаты Давид. Кæд йæ ныхмæлæуджытæ уыдысты фæлтæрдджын спортсментæ, уæддæр сын радта æмбæлгæ ныхкъуырд æмæ бацахста æртыккаг бынат.

Спортсменты турнирмæ бацæттæ кодта Уæрæсейы сгуыхт тренер Хуыгаты Юрий.

Къамы (галиуæй рахизырдæм): ГÆБÆРАТЫ Тамерлан,

ГÆБÆРАТЫ Сергей, ГОБОЗТЫ Вадим,

ДЖЫГКАЙТЫ Сæрмæт, БАГАТЫ Давид

Печать E-mail