Новости

Æнæмæлгæ

IMG 3173Ирон адæммæ Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайæ стырдæр адæймаг нæма фæзынд. Бонæй-бонмæ, азæй-азмæ йæ кад бæрзонддæр кæны, нæры канд Ирыстоны хæхты, кæмтты æмæ быдырты нæ, фæлæ ма æндæр бæстæты дæр.

Нæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæджы-фырт арф æмæ зæрдæбынæй равдыста йæ раттæг адæмы цард, маст æмæ хъыг кодта сæ зындзинæдтыл, тох – æнæрастдзинады ныхмæ æмæ уый тыххæй дыууæ хатты уыдис хасты дæр.

Йæ номдзыд æмбырдгонд "Ирон фæндыр" æцæгæйдæр ссис ирон адæмы æцæг фæндыр, уый цагъта йæ адæмы хъысмæт. Йæ 'нæкæрон курдиат дзы ирдæй равдыста. Ахæм адæймæгты, гениты нæмттæ дун-дунейыл айхъуысынц, се сфæлдыстад свæййы æнæмæлгæ.

IMG 3178Къостайæн бирæ номарæнтæ ис: Ирыстоны дыууæ хайы уынгтæ, проспекттæ, цыртдзæвæнтæ, драмон театр, музейтæ. Йæ цыртдзæвæнтæ ма æвæрд сты суанг Английы, Болгарийы, Гуырдзыстоны, Украинæйы, Севастополы, йæ ном хæссынц уынгтæ Херсоны, Острогæйы, Пятигорскы, Санкт-Петербурджы, Очаковы. Номдзыд фыссæг фæзиан Хъæрæсе-Черкесы, æмæ кæм цард, уыцы хъæу дæр схуыдтой йæ номыл. Бирæ сфæлдыстадон кусджытæ систы Къостайы премийы лауреаттæ.

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр уæрæхæй сбæрæг кодтой Къостайы райгуырды бон, уымæн æмæ йын ацы аз уыд юбилейон – 165 азы. Банысан æй кодтой Ирыстоны æддейæ дæр. Бирæ мадзæлттæ ауагъдæуыд Горæтгæрон районы дæр йæ юбилейы сæраппонд. Уыдонæй иууыл ахадгæдæр уыдис, Октябрыхъæу æмæ Камбилеевкæйы хъæу æмарæн кæм кæнынц, уыцы бынаты – районон газет "Фидиуæг"-ы редакцийы кæрты йын цыртдзæвæн сæвæрын. Цытджын æгъдауæй йæ байгом кодтой 15 октябры.

Ардæм æрбацыдысты Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Алан, райадминистрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан, районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери, скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ, сфæлдыстадон кусджытæ, хъæууон Ныхасты сæрдартæ æмæ уæнгтæ, бынæттон администрациты сæргълæуджытæ æмæ кусджытæ, æндæр адæм. Уыдон дидинджытæ сæвæрдтой цыртыл.

Цытджын мадзал амыдта Дзуццаты Валери. Нарон Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаджы тыххæй раныхас кодтой районы сæргълæууæг Гаглойты Алан, Камбилеевкæйы хъæуы Ныхасы сæрдар Уалыты Маирбег, Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы сæрдар, меценат Лалыты Левæ æмæ æндæртæ. Къостайы фыст æмдзæвгæтæ аив бакастысты Камбилеевкæйы хъæуы фыццæгæм астæуккаг скъолайы фæндзæм “Д” къласы ахуырдзаутæ, Михайловскы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Плиты Барсæг.

Адæм бузныг загътой Къостайы цырт самалгæнæг æмæ йæ районæн балæваргæнæг Лалыты Левæйæн, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад "Арв"-ы разамонæг, ногираг Тыджыты Анзорæн.

Лалыты Левæ ныфс бавæрдта, тагъд рæстæджы ма ноджы кæй сæвæрдзæн номдзыд Къостайы цыртдзæвæнтæ. Ахæм цыртытæ Ирыстоны дыууæ хайы сæвæрдта иуæндæс.

Дæ ном нæрæд, нæхи Къоста!

ГАССИТЫ Моисей

Печать