Сæ нæмттæ æнусон
1992 азы октябры мæйы кæрон Цæгат Иры-стоны цы уæззау хабæрттæ æрцыд, уыдонæн рох кæнæн нæй. Афтæ, Ирыстоны сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи радта, уыцы сахъгуырд фæсивæды æхсардзинадæн дæр. Цæрæнбонты цæрдзысты нæ зæрдæты, сæ ном сæфт нæ уыдзæн, уымæн æмæ сæ зæххæй иу гæппæл дæр никæмæн радтой, уый сæрыл рауæлдай кодтой сæ удтæ.
Уæд хъайтарæй цы лæппутæ фæмард, уыдонæн та ныр дæр уыд мысæн бонтæ, адæм сын ссардтой сæ рухс нæмттæ.
Бирæ номарæнтæ ис, Ирыстоны зæхх уæд чи бахъахъхъæдта æмæ йæ туг кæмæн ныккалд, уыцы сагсур лæппутæн. Уыдонæй иу ис Октябрыхъæуы Культурæйы галуаны фыццаг уæладзыджы. У хæстонты музей. Ам æвæрд сты сæ къамтæ, сæ тохы хабæртты тыххæй бирæ æрмæджытæ. Музейы мысæн бон сарæзтой Культурæйы галуаны кусджытæ, бацæттæ йæ кодта æмæ йын сценари ныффыста методист Саутæты Дзерассæ, йæ уадзæг дæр уыд йæхæдæг.
Мадзалмæ æрбацыдысты культурæйы кусджытæ, хæстонты æввахс хиуæттæ, æндæр адæм. Уыдон судзгæ цырæгътимæ бацыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты музеймæ. Хъуыстысты æнкъард музыкæйы зæлтæ.
Саутæты Дзерассæ загъта:
Уыд æрæгвæззæг, растдæр бонырдæм
Адæм тахтысты уынгтæм иууылдæр.
"Ай цы хабар у? Цæй, цы та 'рцыди?" –
Фарстой тарстхуызæй.
Хъуысти топпы хъæр.
Уæд фæдисы хъæр уайтагъд айхъуысти, æмæ раст нæртон лæгтау иумæ æрлæууыдысты Иры æцæг фырттæ. Кæм не сты фæразон ирон адæм! Фыдыбæстæйы Стыр хæсты дæр равдыстой, æмбал кæмæн нæй, ахæм сгуыхтдзинад. Нæ чысыл Ирыстон Советон Цæдисæн балæвар кодта 79 Хъæбатыры.
Ралæууыдысты 80-æм азтæ. Дæс азы дæргъы нæ Иры лæппуты туг дæр калд Афганистаны. Уый дын Хуссар Ирыстоны уæззау хæст, стæй та 1992 азы æвирхъау цаутæ.
Нæ лæппутæ се 'хсар, лæгдзинад, ирон намыс дæлæмæ не 'руагътой. Ныр та – Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы. Фæлæ хæст хæст у, æгъатыр, мæлæтхæссæг. Нæ фæсивæдæй цал æмæ цал сæ удтæ радтой райгуырæн бæстæйы сæраппонд.
1992 азы фæззæджы Ирыстон хъахъхъæнджытæй сæ хæдзæрттæм удæгасæй нал æрыздæхтысты 160 фылдæр адæймаджы. Рухсаг уæнт.
Мысæн боны сæ рухс нæмттæ æдзæмæй алæугæйæ ссардтой, уыцы фæззæджы Иры зæххы сæрыл йæ цард чи радта, уыдонæн. Уый фæстæ раныхас кодтой æмæ хъæбатырты сгуыхтдзинæдты, стæй абоны сабырады тыххæй радзырдтой районы Ныхасы сæрдар Дзуццаты Валери, галуаны методист Уæлыгæсты Тамарæ æмæ æндæртæ. Зарæггæнджытæ Хуыгаты Ибрагим, Хъуысаты Эльвирæ, Джихаты Роман æмæ Кæркуысты Ларисæ азарыдысты Къостайы "Æнæ хай" æмæ Дзиццойты Шамилы "Рухсаг уæд!"
Хъæбатыртæ мæрдтæм нæ ацæуынц, уыдон цæргæйæ баззайынц адæмы зæрдæты, æмæ сын рох кæнæн нæй!
ГАССИТЫ Моисей