Новости

Тарскæйаг хъæбатыртæ

IMG 3356 открытие

Украинæйы Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы Ирыстонæй цы лæппутæ хæцыд, чи фæзиан знаджы къухæй, семæ тарскæйаг лæппутæ дæр, уыдонæн, хъыгагæн, сæ нымæц фылдæр кæны. Рухс дзæнæты уæд сæ бынат.

Ныртæккæ дæр Тарскæйы хъæуæй ацы хæсты бирæ лæппутæ ис, æмæ нæм се 'сгуыхтдзинæдты кой хъуысы, сæрыстыр сæ стæм.

Хорз хъуыддаг сарæзта ацы хъæуы 1-æм астæуккаг скъола, æртыккаг уæладзыджы дыууæ музейы кæй сарæзта æмæ байгом кодта, уымæй. Архайгæ дæр ыл рагæй кодтой, экспонаттæ æмбырд кæнын хъуыд.

IMG 3365Фыццаг музей хуыйны "Хæстон кад", дыккаг та –"Сæрмагонд æфсæддон операци". Хъæздыг сты сæ дыууæ дæр хæстонты къамтæй, уæлæдарæсæй, хæрзиуджытæй, сæ тохы хабæрттæй, документтæй, арфæйы гæххæттытæй, æндæр æрмæджытæй. Уыдон æрæмбырд кæнынæн та чысыл рæстæг нæ хъуыд.

Æмæ майрæмбоны, 1 ноябры, цытджын æгъдауæй байгом сты ацы музейтæ. Скъоламæ æрбацыд бирæ адæм: хæстонты бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæ, сæ мыггæгты минæвæрттæ, скъоладзаутæ æмæ сæ ахуыргæнджытæ, æфсæддон операцийы архайджытæ, фæсивæд, уазджытæ æндæр рæттæй.

Музейтæ кæй байгом сты, уый канд ацы скъолайы зынгæ цау нæу, фæлæ Тарскæйы хъæуы историйы дæр.

Цытджын мадзалы уыдысты районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзанæгаты Гуля, Ахуырады управленийы хицау Кокайты Белæ, фæсивæды хайады специалист Осиаты Давид, районы администрацийы мидхъуыддæгты хайады хицау Гæджиты Зауырбег, бынæттон администрацийы сæргълæууæг Соттиты Эльбрус æмæ æндæртæ.

Ацагътой Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны гимнтæ, адæм æдзæмæй алæугæйæ ссардтой æдзард хæстонты рухс нæмттæ. Экраныл æвдыстой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты тыххæй зонæнтæ, сæ тохы хабæрттæ, хъуыстысты хæстон музыкæйы зæлтæ.

Тарскæйаг алы хæстыты архайджыты цардвæндаг, хæстон сгуыхтдзинæдтæ, сабырады тыххæй мидисджын, зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ ракодтой Дзанæгаты Гуля, Сунжæйы хъæуы бындурон иумæйагахуырадон скъолайы директор Хуыгаты Æхсар, музей саразыны инициатор, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фæмардуæвæг бинонты Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон организацийы сæрдар Татьянæ Днепровская, Соттиты Эльбрус, Теркаг хъазахъхъæгты культурон центры сæрдар Владимир Писаренко (уый ма музейтæн балæвар кодта чингуытæ дæр), республикæйы Архивон службæйæ – Хайманты Барис æмæ æндæртæ. Уыдон лæмбынæг радзырдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, Афганистаны уæззау тохты, Цæцæны, Хуссар Ирыстоны, 1992 азы фæззæджы Ирыстонмæ æрбабырсты цауты тыххæй æмæ сæ бафæндыд адæмтæн сабыр цард, абоны хæстæн кæрон скæнын. Сæ рухс нæмттæ æрымысыдысты, Афганистаны тохты тарскæйаг фæсивæдæй чи фæзиан, уыдонæн – Багаты Юри, Тедеты Эльбрус, Павлиашвилиты æфсымæртæ, Сланты Руслан, Биазырты Хъазбег, Тедеты Тимур, Остъаты Хъазбегæн.

Мадзалы экраныл слайдты æвдыстой, Украинæйы хæсты ацы хъæуæй чи фæмард, уыцы хъæбатыртæ Тедеты Гермæн, Мæргъиты Батраз, Хуыгаты Артур, Хъантемыраты Зауыр, Наниты Чермен, Хуыгаты Аслан, Наниты Тимур, Бедойты Роланд, Æлборты Алан, Багаты Эдик, Кобесты Роберт, Тараты Руслан, Наниты Алан, Деметы Нарик, Тедеты Алан, Деметы Сослан, Тедеты Æхсары тохвæндæгтæ. Ацы скъолайы ма сын ис æндæр номарæнтæ дæр.

Хæстон кады музей, сырх лент алыг кæнгæйæ, байгом кодтой Кокайты Белæ æмæ Хуыгаты Æхсар. Сæрмагонд æфсæддон операцийы музей байгомгæнджытæ та уыдысты Гæджиты Зауырбег æмæ Хуыгаты Батраз.

Адæм æд дидинджытæ бацыдысты музейтæм. Сæ цæссыг нæ урæдтой, æввахс хиуæттæ хæкъуырццæй куыдтой сæ ахсджиæгтыл.

Рухсаг уæнт.

Скъолайы директор Тъехты Дунесæ мын афтæ радзырдта:

 – Ацы дыууæ музейы аразынвæнд куы скодтам æмæ адæмыл куы айхъуыст, уæд нæм æхцайы фæрæзтæй фæкастысты райадминистрацийы Ахуырады управлени, тарскæйæгтæ – æфсымæртæ Хуыгаты Альберт æмæ Алексей, Тедеты Вахтанг, Наниты Анзор, Æлборты Гарин æмæ Хуыгаты Алан. Хæстонты ныййарджытæ, æввахс хиуæттæ, не скъолайы коллектив, абон ардæм чи 'рбамбырд, уыдоны номæй сын зæгъын стыр бузныг. Сæ хъарутæ æвидигæ уæнт æмæ сын хорз хъуыддæгты бирæ æнтысæд!

ГАССИТЫ Моисей

Печать