Новости

Дзырд цыд бирæ фарстытыл

IMG 3426Горæтгæрон районы Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзары уыд Ахуырады кусджыты профцæдисты æппæтдунеон иугонды нæ районон организацийы хыгъдон-æвзæрстыты XXIX конференци. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны Ахуырады профцæдисон организацийы сæрдар Тезиаты Таймураз, йæ хæдивæг Тотраты Владислав, нæ районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Дзанæгаты Гуля, Профцæдисты рескомы куыст хъахъхъæныны фæдыл сæйраг специалист Саухалты Светланæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ, 55 делегаты.

Конференцийы уыд кусæгон оргæнтæ – президиум, секретариат, мандатон, нымайæн æмæ редакцион къамистæ, делегаттæ сфидар кодтой регламент.

Райдианы Кады грамотæтæ æмæ æндæр хæрзиуджытæй хорзæхджын æрцыдысты Ахуырады профцæдисы раззагдæр кусджытæ. Уыдон сты: Архонкæйы 16-æм сабидоны райдайæн профцæдисон организацийы сæрдар Иринæ Бреславец, Донгæроны астæуккаг скъолайы райдайæн профцæдисон организацийы сæрдар Бдайцаты Людмилæ, Комгæроны астæуккаг скъолайæ – Уалыты Жаннæ, Черменыхъæуы 3-аг астæуккаг скъолайæ – Мзиты Зæлинæ æмæ Соттиты Дзерассæ, Куырттаты астæуккаг скъолайæ – Танделаты Эльвирæ, Джызæлы скъола-интернатæй – Тегетаты Беллæ, Архонкæйы 2-аг астæуккаг скъолайæ – Иринæ Шаталова, Дачнæйы астæуккаг скъолайæ – Азæ Албакова, Октябрыхъæуы 2-аг астæуккаг скъолайæ – Дидарты Маринæ, Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайæ – Куыдзеты Стеллæ, Чермены 2-аг астæуккаг скъолайæ – Хъалæгаты Лянæ, Ногиры 1-æм астæуккаг скъолайæ – Гæджиты Аллæ, стæй райадминистрацийы Ахуырады управленийы сæйраг специалисттæ Сабанты Альбинæ, Бураты Белæ, Елеты Альбинæ, Сунжæйы бындурон скъолайы директор Хуыгаты Æхсар. Хуыгайы-фыртæн ма лæвæрд æрцыд риуылдаргæ нысан "Социалон партнердзинады тыххæй".

Делегаттæ байхъуыстой Ахуырады кусджыты профцæдисы районон организацийы сæрдар Хъуылымбегты Людмилæйы хыгъдон докладмæ. Раныхас ма кодтой Тезиаты Таймураз, Хуыгаты Æхсар, къамисты сæрдартæ æмæ æндæр делегаттæ.

Хыгъдон рæстæг Ахуырады кусджыты профцæдисты нæ районон организацийы куыст делегаттæ банымадтой рæстæмбисыл.

Сæрдарæй æмхъæлæсæй ногæй сæвзæрстой Хъуылымбегты Людмилæйы. Æвзæрст ма æрцыдысты республикон Ахуырады кусджыты профцæдисы организацийы конференцимæ делегаттæ, Контролон-ревизион къамис, комитет.

Конференцийы æдæппæтæй дзырд цыд 10 фарстыл.

Делегаттæ райстой æмæ сфидар кодтой уынаффæ. Ууыл конференци йæ куыст фæцис.

ПИСИТЫ Моисей

 

Печать