Горæтгæрон районы зынаргъ цæрджытæ!

Арфæ уын кæнын ирон адæмы æппæты сæйрагдæр æмæ кадджындæр бæрæгбон Джеоргуыбайы фæдыл!
Ацы къуыри сыгъдæг зæрдæ æмæ ныфсимæ кувдзыстæм Хуыцау æмæ Уастырджимæ, цæмæй ныл аудой, æнæниздзинад, æнæфыдбылыз æмæ сабыр цард æрхæссой нæ бинонтæн æмæ хæстæджытæн.
Ацы рæсугъд æмæ райдзаст бæрæгбон канд ирон æгъдау нæу, фæлæ ма нын нæ зæрдыл лæууын кæны, цæмæй фæлмæндæр уæм нæ алыварс цæрæг адæммæ, тырнæм фыдæлты æгъдæуттæ бахъахъхъæнынмæ.
Джеоргуыба бæрæг кæндзысты нæ районы æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр, æмæ та уæлдай хатт банкъардзыстæм нæ æнгомдзинад, цыфæнды зындзинæдты сæрты ахизыны æмæ иумæйагæй фидæн аразыны хъомыс.
Абон нæ фæсивæдæй йе 'фсæддон хæс чи æххæст кæны, Фыдыбæстæ чи хъахъхъæны, уыдон сæрæгасæй уæлахизимæ куыд æрыздæхой сæ хæдзæрттæм, уыцы амонд сын радтæд сызгъæрин Уастыджи! Æххуысгæнæг сын уæд, рæствæндаг уæнт кæддæриддæр!
Джеоргуыбайы бонтæ уыл рæсугъдæй цæуæнт! Уастырджи æххуысгæнæг уæд не 'ппæтæн дæр!
ГАГЛОЙТЫ Алан,
Горæтгæрон районы сæргълæууæ