Новости

Путины номыл кълас

Нæ республикæйы хъуыстгонд амалиуæггæнæг, Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы сæрдар, фыццаг къорды инвалид Лалыты Левæ цы хорз хъуыддæгтæ аразы, уыдон хъуыстгонд сты. Фысгæ дæр сыл бирæ кодтам. Адæмы, Ирыстоны хæрзиуæгæн у йæ куыст, æмæ дзы нæ фæллайы, дарддæр дæр æй фæнды хорздзинæдтæ аразын, æмæ йын бантысæд.

WhatsApp Image 2024 12 12 at 13.46.42

Украинæйы Уæрæсейы сæрмагонд æфсæддон операцийы Ирыстонæй чи фæмард, уыдоны, стæй фæкæсынхъуаг бинонтæн æххуыс кæнын, Къостайы цыртдзæвæнтæ сæвæрын, зынгæ адæймæгтæн мемориалон фæйнæджытæ байгом кæнын – ахæмтæ сты Левæйы хæрзаудæн хъуыддæгтæ. Уыдонимæ ма скъолаты хицæн кълæстыл æмцегад кæнын, ахæм ахуыргæнæндæттæ та абон сты цыппар.

Уыдонæй иу у Горæтгæрон районы Ирыхъæуы астæуккаг скъола. Ам фыццаг къласы ахуыр кæны дæс скъоладзауы, æмæ Лалыйы-фырт йæхимæ хæс райста ацы сывæллæттæм фыццæгæм къласæй иуæндæсæм къласмæ йæ хъус дарын æмæ сын алывæрсон æххуыс кæнын.

Уымæ гæсгæ ацы бонты Левæйæн скъолайы фембæлд уыд фыццæгæмкъласонтимæ, сæ ныййраджытимæ, ахуыргæнджытимæ. Мадзал амыдта æмæ Лалыйы-фыртæн арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæг Засеты Иннæ.

Левæ фыццагкъласонтæн, сæ ныййарджытæн лекци бакаст, дзырдта ахуыргæнинæгты хæрзæгъдау, раст хъомылад æмæ уагахастыл, хъæууон скъолатæм фылдæр хъусдард аздахыныл, сæ уавæртæ сын фæхуыздæр кæныныл, цæмæй иуæй-иу скъоладзауты сæ ныййарджытæ горæтмæ ма кæной ахуыр кæнынмæ. Ахуыргæнинæгтæ цы адæмыхæттытæй сты, уымæ та кæсын нæ хъæуы, фæлæ хъуамæ ахуыр кæной сæ кæрæдзи уарзын, тырной фылдæр зонындзинæдтæ райсынмæ.

Лалыты Левæ дарддæр загъта:

– Æз ацы къласимæ, цалынмæ иуæндæсæмтæ фæуыд кæной, уæдмæ æмгуыст, æмцегад кæй кæндзынæн, ме 'ххуысы къух сæм кæй дардзынæн, уымæй зæрдæ æвæрын. Цы зæгъон, уымæн та хицау дæн.

Мæнæ ныр дæр къласы алы ахуыргæнинагæн лæвар кæнын, мæныл кæй ныффыстой, уыцы æвдæм чиныг "Искусство добрососедства". Æрбахастон ма æндæр лæвæрттæ дæр.

Балæвар сын кодта паддзахадон архайджыты, хæстонты æмæ фысджыты егъау портреттæ: Владимир Ленины, Иосиф Сталины, Владимир Путины, Сергей Меняйлойы, Максим Горькийы, Михаил Лермонтовы, Хетæгкаты Къостайы, Плиты Иссæйы æмæ Мамсыраты Хаджи-Умары. Уыдон аив рафидыдтой къласы къулыл. Уымæй уæлдай ма сын балæвар кодта фыссæн фæйнæг, шахмæттæ, блокноттæ, риуылдаргæ нысæнттæ, ахуыргæнæн дзаумæттæ.

Фембæлды куыд рабæрæг, афтæмæй Левæ йæхи номæй скодта преми æмæ йæ дæтдзæн, ацы къласы йæ ахуыр, йæ уагахастæй рæвдздæр чи разына, уыцы скъоладзаутæн.

Ныр уал ахæм премитæ радта æртæ ахуырдзауæн – Кудзойты Аланæ, Пæрæстаты Владæ æмæ Фотимæ Нарзуллаевайæн. Премиты нымæц дарддæр фылдæр кæндзæн.

Ацы къласæн ахæм хорз, æхсызгон хъуыддæгтæ кæй аразы, уый тыххæй Левæйæн арфæ ракодтой фыццагкъласонты ныййарджытæ Цидаты Дианæ, Бырнацты Маринæ æмæ Розæ Григорян. Зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ загъта ахуыргæнæг Челæхсаты Сюзаннæ дæр.

Нырæй фæстæмæ Ирыхъæуы иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы фыццæгæм кълас хæсдзæн Уæрæсейы Президент Владимир Путины ном. Уымæ гæсгæ Левæ сывæллæттæн радта риуылдаргæ нысæнттæ Путины фæлгонцимæ.

Хорз чи аразы, уый йæхицæн кад кæны, æмæ ма дын фылдæр бантысæд, Левæ!

ГАССИТЫ Моисей

Печать E-mail