Новости

Премийы ног лауреаттæ

Мæскуыйы Хуссар Ирыстоны минæварады хæдзары уыд Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы цытæн минæвæрады VIII Дунеон литературон преми "Булæмæргъ"-ы конкурсы фæуæлахизуæвджытæн премитæ раттыны церемони. Амыдта йæ минæварады сæргълæууæг, дипломат æмæ юрист Гасситы Знауыр.

буламаргъ

Премийæ кæй схорзæхджын кодтой, уыдонæн арфæйы фыстæджытæ арвыстой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæрмагонд минæвар Мария Захарова, Мæскуыйы сахайраг думæйы сæрдар Алексей Шапошников, Уæрæсейы Федерацийы адæймаджы бартæ хъахъхъæныны фæдыл бæрнджын Татьянæ Москалькова, Уæрæсейы Фысджыты цæдисы сæрдар Николай Иванов, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим æмæ æндæртæ.

Ирон поэзи пропагандæ кæныныл зæрдиагæй кæй архайы, уый тыххæй "Булæмæргъ"-ы премийы æртыккаг къæпхæны дипломæй хорзæхгонд æрцыд Хуссар Ирыстоны Таможнæйы кусæг Пухаты Игорь. Журнал "Ногдзау"-ы сæйраг редактор Сæлбиты Дианæйæн та радтой премийы дыккаг къæпхæны диплом йæ аргъæутты æмбырдгонд "Дианæйы аргъæуттæ"-йы тыххæй. Фыццаг къæпхæны дипломæй хорзæхгонд æрцыд Хуссар Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг Мамиты Григори.

Преми "Булæмæргъ"-мæ ацы аз бафтыд номинаци, уырыссаг æвзагыл чи фыссы, уыцы автортæн дæр. Уымæй та схорзæхджын кодтой Дзæуджыхъæуы цæрæг, нырыккон прозæйы жанры фыссæг Хуыгаты Артуры. Сæрмагонд номинацийы диплом радтой Хуссар Ирыстоны Колыты Аксойы номыл аивæдты паддзахадон лицейы ахуыргæнæг Цгъойты Аринæйæн, Кадджын грамотæ та – зынгæ режиссер Дзуццаты Тамерланæн.

Æз фембæлдтæн Уæрæсейы Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыримæ æмæ мын афтæ радзырдта:

Преми "Булæмæргъ"-ы уæлахиздзауты куы хорзæхджын кодтам, уæд ма нæм уыд зындгонд ирон нывгæнджытæ Козаты Ушанг æмæ Бекъойты Хохы конд нывты равдыст дæр. Преми дæттæм æвзонг автортæн, адæмыхатмæ нæ кæсгæйæ. У æрвылазон, æмæ дзы архайыны бар ис æвзонг курдиаттæй алкæмæн дæр уагæвæрдмæ гæсгæ. Æнхъæлмæ кæсæм ног уацмыстæм. Табуафси!

ГАССИТЫ Моисей

Печать