Новости

Нæ хъæбатыр лæппутæн

bb8c0d29 a4cd 4aba 9bc2 205b0e056da9

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг дæр афтæ уыд: Ирыстоны фæллойгæнджытæ фронтмæ æрвыстой сæхи бацæттæгонд хъарм уæлæдарæс, алыхуызон мигæнæнтæ, суанг ма хæцæнгæрзтæ æмæ æхсæнгæрзтæ дæр.

Афтæ та у ныр дæр – сæрмагонд æфсæддон операцийы Украинæйы чи архайы, уыцы сæрæнгуырд лæппутæн Ирыстонæй (ныр цалæм хатт!) æрвитынц бирæ хъарм дарæс, продукттæ, адджын æмæ минералон дæттæ, техникæ, генератортæ. Уыцы нымæцы Горæтгæрон районæй дæр. Уый нæ хæцæг лæппуты бауадзы тых æмæ хъару. Стæй сæм цы бирæ фыстæджытæ æрвитынц, уыдон дæр сын ныфсы хос сты.

7aac113c b077 4e1d a855 606a38fc8913

Ахæм хæрзаудæн хъæппæрис равдыстой Джызæлы Бæройты Михалы номыл скъола-интернаты ахуыргæнджытæ, скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ. Æрæмбырд та кодтой радон хатт гуманитарон æххуыс, Ногбоны арфæтимæ сæ арвыстой нæ тохгæнæг лæппутæн. Ацы хорз хъуыддаг сорганизаци кæны скъола-интернаты хъомылгæнæг Дадьянаты Неля, æмæ йын бузныг. Ахæм гуманитарон æххуыс цалдæр хатты арвыстой.

Тагъд фæуæд ацы хæст, æмæ нæ фæсивæд дæр сæрбæрзондæй æрыздæхæнт сæ хъарм къонатæм! Ног аз сын сабырдзинад æрхæссæд!

ГАССИТЫ Моисей

Печать