Новости

Зæронд Ногбон

Ирон адæмы уарзондæр бæрæгбæттæй иу у Ногбон. Январы мæйы цыппæрдæсæм бонмæ æрцæуы.

Ногбон баст у хурхæтæнимæ. Хистæртæ-иу хуымæтæджы не скуывтой: "Бон куыд даргъдæр кæны, афтæ адаргъдæр уæнт нæ цард, нæ амонд". Ногбоны-иу адæм дзырдтой: "Рæстæг ног цардырдæм акъул". Бон æрбацъæхтæ, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ размæ арт скодта. Фæсивæд арт скæнынмæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Уæдæ кæй арт стырдæр уыдзæн? Уæдæ кæй арт тынгдæр ныррухс кæндзæн? Хъæу-иу ныррухс, дæсгай æмæ дæсгай æртытæ арвы хъæбысмæ сæхи ивæзтой. Хистæрæй-кæстæрæй-иу арты алыварс сæмбырд сты, фæсивæд "сой-сой" хъæргæнгæ æртытыл зылдысты. Артиу сыгъд куы фæци, уæд-иу хистæртæй исчи загъта: ацы арт куыд басыгъд, афтæ басудзæнт нæ фыдбылызтæ дæр, афтæ фесæфæнт не знæгтæ.

Ногбоны фынгмæ бинонтæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Фынг цас бæркадджындæр уа, уыйас хуыздæр, бæркадджындæр уыдзæн æнæхъæн аз дæр. Бæрæгбоны фынгыл сæйраг бынат ахста æртхурон – дынджыр дзаджджын гуыдын. Уымæй хъуамæ бинонтæй алчидæр бахордтаид, искæмæн дæттын дзы не 'мбæлд.

Изæры-иу бинонтæ Ногбоны фынгмæ æрæмбырд сты, æмæ-иу хистæр нæлгоймаг фæкуывта, фæарфæтæ кодта, бинонтæй-иу алкæй дæр бафæдзæхста Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл, аз-азы дæргъы амондджын куыд уой, æнæмаст, æнæфыдбылыз, зæрдæрухсæй куыд цæрой.

Ногбоны сæрмагондæй æртыгай чъиритæ кодтой Сафайæн, Сæрызæдæн, Бынаты хицауæн, къутутæн, фосæн.

Бинонтæй хуыздæр, амондджындæр къах кæмæн уыд, уый-иу скъæтты фосыл æрзылд.

Ногбоны æхсæв хъæлдзæг бæрæгбон у. Фæсивæд-иу сæ уæлæ, куыд ничи сæ базыдтаид, афтæ алы дарæс скодтой æмæ хæдзæрттыл зылдысты заргæйæ: "Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Уæ лæг саг куыд амара, уæ ус тыр куыд ныййара, уæ басылы къух мæн куыд фæуа".

Бинонтæ-иу Ногбоны бирæ фæбадтысты, райсомæй-иу сæ раздæр æддæмæ чи ахызт, уый-иу æрбацыд лыстытæ, хъæмп, кæнæ хоры нæмгуытимæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты бапырх кодта, уал æмæ уал хорзы хæдзарыл æрцæуæд, зæгъгæ.

Ногбоны æхсæв-иу сылгоймæгтæ хыссæйæ скодтой басылтæ: адæмы, фосы, сырдты хуызæттæ, æмæ-иу сæ сфыхтой. Хæдзармæ арфæтæ кæнынмæ чи цыд, уыдонæн-иу дзы радтой.

Цыкурайы фæрдыг кæмæ уыд, уыдон-иу æй Ногбоны æхсæв систой æмæ йæм кастысты, сæхи йыл фæдзæхстой, табу йын кодтой.

АГЪНАТЫ Гæстæн

Печать E-mail