"Хæдзаронтæ"
Ног æмæ зæронд Ног азы бæрæгбæттæ ирон адæм æрвыстой хъæлдзæгæй. Алы хæдзары бинонтæн хастой æхсызгондзинад, зæрдæтæм-иу цины хур ныккаст. Фæсивæд фæндырæй цагътой, кафыдысты, зарыдысты, æфсинтæ фыхтой басылтæ, адджын гуылтæ, уæливыхтæ, арæзтой бæгæны. Лæппутæ æмæ чызджытæ цыдысты хæдзаронтæ, сæхиуыл-иу кæрцытæ зыгъуыммæ скодтой, алы фосы кæнæ сырды хуызыиу сæхи сфæлыстой. Астæуккаг æмæ хистæр кары фæлтæр уый хорз хъуыды кæнынц.

Ног азы бæрæгбоны фæлгæты ивгъуыд къуырийы районы Культурæйы галуаны æвдыст æрцыд музыкалон композици (хъæлдзæг равдыст) "Хæдзаронтæ". Бацæттæ йæ кодта Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг Уæлыгæсты Тамарæ.
Сценæйыл – наз бæлас, йæ фæстæ – кауын къул, хæдзар. Хæдзаронтæ заргæ æрбацыдысты: "Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ! Æддæмæ нæм ракæсут, мидæмæ нæ бахонут! Уæ лæг саг амара, уæ чындзæн лæппу райгуыра, уæ басылы къух мæн фæуа!"
Цыппæрæм архайæг (хорз æй ахъазыд Гæджиты Мурат) рахызт: "Тæхуды, уæ къæсæрæй куы базарин æз дæр: "Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ, уæ сæраппонд мæ сæр! Æнæзивæг куы рауаис уæ уазæджы хъæрмæ! Мæ иу цæстæй куы бакæсин, мæ хуры хай дæумæ!"
Дарддæр сценæмæ рахызтысты хæдзары хистæр лæг (ахъазыд æй Мæргъиты Къоли) бæгæныйы къусимæ, чызг басылты тæбæгъимæ. Хистæр арфæ ракодта уазджытæн. Стыр Хуыцау æмæ зæдтыл бафæдзæхста адæмы, цæмæй Ног аз ног хæрзтæ ракæна, цард фæхуыздæр уа, хæст банцайа æмæ Ирыстоны хъæбултæ сæрæгасæй уæлахизимæ сæ хæдзæрттыл сæмбæлой.
Уый фæстæ хæдзары æфсин базонгæ кодта хæдзаронты æмæ равдыстмæ æрбацæуджыты æртхуроны нысаниуæгимæ. Уый уыд стыр хæбизджын, дзаджджын цыхтæй. Бинонтæ цал уыдысты, уал дихы-иу æй акдтой. Иу хайы дзы æвæрдтой æвзист æхца. Кæмæ-иу æрхауд, уый-иу афæдзы дæргъы уыдис амондджын. Бинонтæй дарддæр уыцы æртхуронæй хæрыны бар никæмæн уыдис.
Дарддæр хæдзаронтæн сæ хъазт стынг ис. Иу дзы кафынмæ рагæпп кодта æмæ ахауд. Чегъре йæм бауад, цы кодта, зæгъгæ. Уый уæдмæ йæ къухæй ацамыдта, æхца хъæуы, зæгъгæ. Чидæр æрбахъæр кодта, хосæн æхца хъæуы, зæгъгæ. Стæй та райдыдта хъазт: чегъре ронæй кæй æрцæвы, уый та рацæуы кафынмæ.
Уæдмæ хæдзаронты цур иу расыг лæг арахъхъы графинимиæ ахауд. Иннæ нозтджын лæг ыл схæцынмæ хъавыд, фæлæ уый дæр ахауд. Хъазты адæм сæ акодтой. Хæдзаронтæ сæ хъазт фесты æмæ, æндæр ран дæр нæм æнхъæлмæ кæсынц, зæгъгæ, ацыдысты.

Уый фæстæ сценæмæ радыгай рацыдысты районы Культурæйы галуаны солисттæ Хъуысаты Эльвирæ, Джихаты Роман, Медойты Аслан æмæ сæ зарджытæй барухс кодтой залы бадджыты.
Кафджытæн æмæ зарæггæнджытæн гуымсæг æмæ фæндыры цагъдæй æххуыс кодтой Болататы Эрик æмæ Кæркуысты Ларисæ.
Фæсравдыст районы Культурæйы галуаны директор Мæхъиты Хадизæт арфæ ракодта равдыст бацæттæгæнæг æмæ амонæг Уæлыгæсты Тамарæйæн, культурæйы галуаны артисттæн, Хуыгаты Уырысханæн – Цæгат Ирыстоны сгуыхт артистæн.
Ног азы бæрæгбоны арфæтæ ракодта æмæ бузныг загъта "Хæдзаронтæ"-йы архайджытæн районы Культурæйы управленийы хицау Табуты Георги.
САНАХЪОТЫ Наталья